Брюселы Нато-Гуырдзыстоны рабадт абон сырæздзæн
Брюселы Нато-Гуырдзыстоны рабадт абон сырæздзæн

 

НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт,  кæцыйы  хайад райсдзæн  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Рекс Тиллерсон   фембæлд сараздзæн Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министримæ.   Рагафойнон   хъусинæгтæм гæсгæ,   ацы бадзырдтыл,   Рекс Тиллерсон   ноджы иу хатт  сбæлвырд кæндзæн   уый, цæмæй Вашингтон  йæ фарс  хæцы Гуырдзыстоны НАТО_йы рæнъхытæм райстæн.

Плангонд у  Михеил Джанелидзейы фембæлд туркаг коллегæ  Мевлут Чавушогълуимæ.

Æддæ  хъуыддæгты  министериал  Брюсселы  дыууæ   бон аххæссдзæн.    НАТО-йы  генералон нымæрдар куыд расидтис  афтæмæй,    бадзырдты  фыццаг бон    цæгататлантикон  альянсы   æмæ евроцæдисы  æмгуыстады  фарстытыл фæтæрхон æндзысты.   Æмццæдисонтæм баиу уыдзæн   Евроцæдисы  Иууылбæрзонд  камисар æддаг æмæ æдасдзинады фарстыты  Федерика Моггерини    æмæ   альянсы  уæнг чи нæу ахæм бæстæты  Швецийы æмæ Финляндийы   фæсарæн хъуыддæгты министртæ.

Боны дыккаг æрдæджы министртæ æркæсдзысты  глобалон  сидтытæ,  сæ нымæцы  Цæгат Кореяйæ  цæугæ тасы фæдыл.

Министериалы дыккаг бон,  уазджытæ  терроризмимæ  тохы   фарстытыл  фæныхас кæндзысты.  Ацы  æрдгæй альянс хъавы  баххуыс кæна  Тунис æмæ  Иорданийæн хæдиргъæфы фæтыхджындæр кæныны.  Афтæдæр  фæуынаффæ кæндзысты   цæмæй цы   роль  сæххæст кæндзæн  НАТО Иракы  фидæны,   уый фæстæ  ацы бæстæйы «Исламы Паддзахад»  фæстагмæ  саст  куы æрцæудзæн уæд.

Министериалы кæрон, НАТО-йы генералон  нымæрдары  фидæн азы   июлы  Брюсселыв плангонд  саммиты  лого  бавдисдзысты.