Брюселы Нато- Гуырдзыстоны комисы рабадт сырæздзæн
Брюселы абон Нато-Гуырдзыстоны комисы рабадт сырæздзæн, кæцыйы бафидауын æмæ гражданон æмбарады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили Натойы генералон нымæрдаримæ иумæ бакæндзæн.
Нато-Гуырдзыстоны комисы рабадтыл конфликты æрбиноныг æмæ бафидыды фарстатæ бакæсдзысты.
Кетеван Цихелашвилийы ныхасмæ гæсгæ, комисы рабадты райдайæны онг, генералон нымæрдары хæдивæг Роуз Готемоллерыл фембæлдзæн.
“Нато-Гуырдзыстоны комисы рабадтыл бакæсдзæн конфликты фарста. Нæ партнераты æрдыгæй интерес тынг бæрзонд уыд уыцы контексты, æмæ Уæрæсейы агрессийы æмæ августы хæстæй 10 аз ацыд. Бæрзонд интерес Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативайы æрдæм.
Æз план кæнын, рабадтыл сцырын кæнон хъусдард иу афæдзы мидæг хæлдтыты фæдыл, кæцытæн æнæмæнг у консолидиргонд æппæтдунеон дзуапп, се æхсæн ахæм фарстаты, куыд уæззау трагеди æмæ Татунашвилийы æнæадæймагон хъизæмар æмæ лæгмард”,- расидтис Кетеван Цихелашвили.