Бритайнаг парламентар - Евро-атлантикъон структурæтæм Гуырдзыстоны тырнынадæн æххуыс кæнын, Британий, «Брекситы» фæстæ дæр адарддæр кæндзæн
Иугонд Павддзахады парламенты уæнг, Консервативон партийы минæвар Марк Причард хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Стыр Британи Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын, «Брексит»-ы фæстæ дæр нæ аскуындзæн. Бритайнаг парламентар хъуыды кæны, цæмæй Стыр Британий æддаг политикæ Евроцæдисы скондæй рацæуыны фæстæ, фылдæр æвзыгъд суыдзæн.
«Мæнмæ гæсгæ, Евроцæдисæй рацæуыны фæстæ, нæ порлитикæ нын уыдзæн фылдæр æвзыгъд, афтæдæр хъахъхъæнынады системæ æмæ экономикæ. Мах хицæн кæнæм Европæйæ нæ фæлæ – Евроцæдисæй. Уыдзæн нын къуындæг цæдистæ европаг паддзахадтимæ, НАТО-йы уæнг-паддзахадтимæ æмæ НАТО-йы аспирант-бæстæтимæ, ахæмтимæ цахæмдæр у Гуырдзыстон», – райхъусын кодта Марк Причард Фыццаг Къаналимæ интервьюйы.
Марк Причарды хъуыдымæ гæсгæйæ, Лисабоны бадзырды 50-йæм сатаийы сæххæст кæнынæн æмгуъыд æргъæвд хъуамæ æрцæуа 30-æм июны онг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæлхатгæ референдум ауадзын раст нæ уыдзæн.
«Иугонд Паддзахад хъуамæ бахъахъъхæна йæ арæнтæ, йæ бюджет æмæ йæ суверенитет. Уыдæттæй хæсджын у кæцыфæнды паддзахад йæ æмбæстæгты раз», – райхъусын кодта Марк Причард.