Бриатйнаг Telegraph Гуырдзыстон бавдыста Евроæпйы сегасдæр æдас туристон æрдæмадты æхсæн
Кæдæм хъуамæ балц кæнæм постпандемион периоды – популярон бритайнаг рауагъдад «Telegraph» Европæйы 10 сегасдæр æдас тукристон бæстæтæ ранымадта. Стати Гуырдзыстоны горæтты: Тбилисы æмæ Батумы фæдыл радзырдæй райдыта. Гуырдзыстонимæ иумæ Telegraph-ы хуыздæр æрдæмадты нымæцы сты: Хорвати, Монтенегро, Мальтæ, Словени, Финлянди, Лиетувæ, Латви, Румыни, Польшæ, Австри.
«Европæйы сегасдæр хузыдæр æрдæмадты» (Best Europe Destinations) ног хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Европæйы сегасдæр æдас æрдæмадты нымæцы сты Гуырдзыстон, Хорвати æмæ Майдера. Ацы бæрæггæнæньæ, бæстæты «Ковид-19»-ы цауты æмæ спецификон гигиенæйы фæткæвæрд æрфидармæ гæсгæ сырæзт» – фыссы The Telegraph.
Рауагъдады банысан кодтой, цæмæй Европæйы вирусы апарахатæй сегасдæр зианбавзарæг бæстæтимæ абаргæйæ Гуырдызстоны «Ковиж-19»-ы 260 хаттонæй къаддæр цаутæ ис.
«Гуырдзыстон пандемийы ныхмæ цырд реакци равдыста. Бæстæйы мидтуризм 15-æм июны сног ис. Гуырдзыстон цæттæ у æхсæнадæмон балцгæнджытæн фыццаг июлæй сфысым кæнын. Гуырдзыстоны вирусы апарахт бауромынæн, æмбæстæгты æмæ туристты æдасдзинады нысанæн, æндæр æм æндæр хуызы мадзæлттæ райстой. Бритайнæгтæн балц кæныны бар куы ратдзысты, Тбилис, сентябр кæнæ октябры идеалон бынат у уазæгуат ныццæуынæн. «Telegraph Travel»- фæлгæсæг Кей Холланд куыд фыссы афтæмæй, зæронд Тбилис, йæ нарæг фæрсуынгтæй, лабиринты æнгæс фæзтæй, хъæдæй арызт аив хæдзæрттæй, богемон бартæй кафетæй æмæ незаманы аргъуантæй хицæн кæны.
Гуырдзыстон асæй дыккаг горæт у Батум, кæцы пляжтæй, арвысхъауджытæй, субтропикон микроклиматæй хицæн кæны Сау Денджызыл» – фыссы «Telegraph»-ы журналист Эма Физерстон.
Статийы тæлмац публикаци скодта Гуырдзыстоны туризмы националон администраци.