Бразилийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Илиа Дарчиашвили мæ визитæй фæхуыдта  Гуырдзыстонмæ, æнæмæнгæй  фæуазæг уыдзынæн Тбилисмæ
Бразилийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Илиа Дарчиашвили мæ визитæй фæхуыдта Гуырдзыстонмæ, æнæмæнгæй фæуазæг уыдзынæн Тбилисмæ

Фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  мæ  фæхуыдта  Гуырдзыстонмæ  визитæй, кæцыимæ  уыцы  тæккæ  сразы  дæн.  Стыр цинæй   фæуазæг уыдзынæн Тбилисмæ, – уый фæдыл  Бразилийы  фæсарæн хъуыддæгты министр Мауро Виейра  Илиа Дарчиашвилиимæ фембæлды фæстæ   райхъусын кодта, кæцы  Бразилийы  ис официалон визитæй.

Бразилийаг  дипломат куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны æмæ Бразилийы  æхсæн   уæвæг   дыууæфарсон   ахастытæн стыр фидæн ис æмæ ныфс равдыста,  цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстад ноджы  фæарфдæр уыдзæн  æндæр æмæ æндæр æрдæмадæй.

«Махæн иумæйаг хæзнатæ ис, уый  тыххæй  хъуыды кæнын,  Гуырдзыстоны æмæ  Бразилиайы  æхсæн уæвæг дыууæфарсон ахастытæн стыр фидæн ис.  Ныфс мæ ис, фидæны дæр  адарддæр кæндзыстæм æнгом  æмгуыстад», –  райхъусын кодта Мауро Виейра.

Бразилийы фæсарæн хъуыддæгты министры информацийæ, дыууæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты  уагдæтты къухдариуæггæнджытæ  фембæлддыл æркастысты  дыууæфарсон ахастыты уæрæх спектр, сæрмагонд  хъусдард  здæхт уыдис  базарадон-экономикон   ахастытæм, афтæма  туризмы  сферæйы  æмгуыстады  фæарфдæры   фадæттыл.

«Ацы аз банысан кæндзыстæм дыууæфарсон ахастыты 31 азы сæр æмæ нæ фæнды стынг кæнæм нæ æмгуыстад. Фембæлдыл   æркастыстæм Гуырдзыстонмæ бризилийаг  визиторты  нымæцы райрæзын кæныны фадæттæ, афтæма фæныхас кодтам, цæмæй  куыд ис гæнæн стынг кæнæм  ахастытæ культурæйы сферæйы.   Махæн афтæдæр ис  рæзгæ   дыууæфарсон базарад, кæцы  нысаниуæгджын у.  Ивгъуыд азы  базарадон зилдух  25%-ы онг райрæзтис.  Бирæ кусæм  иумæ æнæ рæмæст  дыууæфарсон, фæлæ ма  æхсæнадæмон форматты дæр», – банысан кодта Мауро Виейра.

Информаци публикаци кæны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресскуыст.