Болгарийы  Информацион агентад  æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг къух бафыстой бадзырдыл, кæцы Болгарийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ног хабæртты баивд дары йæ хъуыдыйы
Болгарийы Информацион агентад æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг къух бафыстой бадзырдыл, кæцы Болгарийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ног хабæртты баивд дары йæ хъуыдыйы

Болгарийы информацион  агентад (ВТА) æмæ Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг  къух  бафыстой   æмгуыстады  бадзырдыл, кæцы  Болгарийы æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн   ног хабæртты  баивд  дары  йæ хъуыдйы.

Къухбафыссыны  церемони   Болгарийы  сæйраг горæт Софиайы,  ВТА-ы  сæйраг офисы  ацыд.   Документыл къух бафыстой   Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгы  генералон директор  Тинатин Бердзенишвили  æмæ ВТА-ы   генералон директор  Кирил Велчев.

«Ацы бадздырд   ног хабæртты  комкоммæ баивды   фадат дæтты дыууæ  бæстæйæн, кæцытæм иумæйаг  европаг фидæн ис, уымæн æмæ 2014 азæй  Гуырдзыстон  бафыста    ассоциацидзинады бадзырд Евроцæдисимæ, кæцыйы  æххæстбарджын уæнг Болгари у  2007 азæй» – райхъсын кодта Кирил Велчев.

Бадзырды  бафыст  нысаниуæгжын къахдзæфæй  схуыдта Гуырдзыстоны  Æхсæнадон Уацхæссæгы  генералон директор   Тинатин Бердзенишвили.

«Гуырдзыстоны æмæ Болгарийы æхсæн ахастыты цырдæй æмæ позитивонæй  рæзынц, фæлæ  хатт нæ  кæрæдзийы  фæдыл  информацийы  цухдзинад   рахатæм.  Ныр та  фидар кæнæм  æхсæнадæн   коммуникацийы   комкоммæ  хахх.   Хъуыды кæнын, цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ   стыр цинæй   базондзысты     фылдæр  Болгарийы  фæдыл æмæ æрцæудзысты   уæ аив  бæстæтæ  туристон   визитæй, культурæимæ базонгæ кæнынæн  æмæ бирæ  æндæр  нысанæн»- банысан кодта  Гуырдзыстоны  Æхсæнадон Уацхæссæгы  генералон директор.

Ахæм æмгуыстады меморандум  ВТА-æн 46  бæстæйы  медиафæрæзтимæ ис.

Софиайы визитæй  уæвæг Тинатин Бердзенишвили  хайад исы Зурыскæсæн Евроæпйы  Æхснадон  медиаорганищациты  лидерты  фембæлды, кæцы  европæйы  Уацхæссыджыты  Цæдисы  эгидæйæ  цæуы.   Мадзалæн  Болгарийы националон   ради  фысым кæны.