Бизнесæн Европæйы сеппæтæй хуыздæр бæстæты рейтингы Гуырдзыстон ахсы 18 –æм бынат
Бизнесæн Европæйы сеппæтæй хуыздæр бæстæты рейтингы Гуырдзыстон ахсы 18 –æм бынат.
Сеппæтæй хуыздæр европаг бæстæтæ бизнесæн – ахæм сæргондæй публикаци кæны æрвылазон хыгъдлæвæрд EuCham, кæцыйы мидæг Гуырдзыстон, лæвæрд 69 баллæй, Европæйы 46 бæстæйы æхсæн 18-æм бынат ахсы.
Иртасæн æнцойæвæрд у Дунеон Банкъы æмæ Æхсæнадæмон Валютон Фонды индекстыл, дыууæ сæйраг индикаторыл.
Адон сты бизнес-амал кæныны хыгъдлæвæрд æмæ коррупцийы фиппайыны индексы балл. EuCham-ы лæвæрд баллтæ, æмтгæй райсгæйæ сбæрæг вæййы корпоративон æрдзы, закъондæттынады, хицауадон политикæйы, социалон климаты æмæ уавæрты зæрдыл даргæйæ, кæцы дæтты фадат, кæнæ хъыг дары хицæн секторы арххæйдытыты, райдайа, амал кæна æмæ парахат кæна, куыд цыбырæмгъуыдон, афтæ дæргъвæтин перспективæйы.
EuCham-ы рейтингы аргълæвæрд нулæй 100-ы онг баллæй у. Номхыгъды сæры уæвæг Данийы рейтнг – 86 балл у. Бизнесæн сеппæтæй хуыздæр европаг бæстæтæ сты: Даний, Норвегий, Финлянди, Швеци æмæ Иугонд Паддзахад.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстон EuCham-ы ацы азы рейтингы йæ бæрæггæнæнтæ дыууæ позицийæ фæхуыздæр кодта. 2017 азы хыгъдлæвæрды, Гуырдзыстон уыд 20-æм бынатыл.