Бинонты информацийæ, оккупацион режиммæ ахст Заза Гахеладзейы а.х. тæрхоны процесс цæуы
Оккупацион режимы минæвæрттæм ахсты уæвæг Заза Гахеладзейы бинонты информацийæ, ацы минутты оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхоны процесс цæуы.
Сæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ фæнысангонды тыххæй информаци сын, оккупацигонд Цхинвалы уæвæг къазнайы адвокат фехуъсын кодта.
Гуырдзиаг фарс Евроцæдисы тæвд хаххы фæрцы базондзæнис, цæмæй цы уынаффæ рахæсдзæн а.х. тæрхондон Гуырдзыстоны æмбæстагы æрцахсты æвдæм мæйы сæр.
«Къазнайы адвокат нæм фæдзырдта æмæ нын загъта, цæмæй абон 11:00 сахатмæ нысангонд у процесс. Æз куыд зонын афтæмæй процесс цæуы æмæ æнхъæлцау йæ фæуды фæстæ нын адвокат фехъусын кæндзæн информаци. ПÆК дæр нын сбæлвырд кодта, процесс абон кæй у, уый. Æхсæз мæйы фæстæ фыццаг хатт цæуы тæрхоны процесс. Ахæсты æмгъуыд йын дывæрæй адарддæр ис æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, цы уынаффæ райсдзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, не нхъæлæм, цæмæй йæ залæй ссæрибар кæндзысты, фæлæ нæ ныфс нæ сафæм. Сырх Дзуармæ адæттам æрвитæггаг 28 декабры, фæлæ ацы афонмæ сæм нæ фæцис фадат уый бадæттын», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы Заза Гахеладзейы бинойнаг Ирма Бутхузи.
Каспы муниципалитеты хъæу Квемочъалайы цæрæг Заза Гахеладзейы, оккупацион тыхты минæвæрттæ ивгъуыд азы 11 июлы æрцахстой. Ахсты рæстæджы фæцæф ис йæ къах. Заза Гахеладзейæн ивгъуыд азы 24 декабры, развæлгъау ахсты æмгъуыд дыккаг хатт, дыууæ мæйæ адарддæр кодтой.