BILD  Гуырдзыстон бахаста 2023 азы  фондз сепæтæй хуыздæр туристон æрдæмадты  ранымадмæ
BILD Гуырдзыстон бахаста 2023 азы фондз сепæтæй хуыздæр туристон æрдæмадты ранымадмæ

Популярон немыцаг  рауагъдад  «BILD» йæ кæсджытæн  амоны Гуырдзыстонмæ балц кæнын.

Руагъдад уалдзæг æмæ сæрды  цымидисон   турситон балцы æрдæмадтæ публикаци кæны.

Статийы авторы  дзырдæй,  немыцаг  туристтæн  сæрмагондæй  зæрдæмæдзæугæ у  Испанийы, Кабо-Вердейы, Хорватийы, Албанийы æмæ Гуырдзыстоны   курорттæ.

«Гуырдзыстоны текрритори у  Баварийы  йас, цæрджытæ  та Берлины цæрджыты бæрц сты. Гуырдзыстонмæ хъуамæ  фæуазхæг уат  æрмæст уый тыххæй, цæмæй  уый  ацы аз «ITB»-ы  туристон   равдысты  фысым уыд. Мюнхенæй æмæ  Дюссельдорфæй  Тбилисмæ  цыппар сахат  тæхын хъæуы. Комкоммæ авиарейстæ  æххæст цæуынц  Берлинæй,  Мемингемæй  æмæ Дортмундæй   – Кутаисмæ» – фыссы  «BILD» Гуырдзыстоны тыххæй.

Статийы  автор  кæсджытæн информаци дæтты  гуырдзиаг  уазæгуарзондзинады фæдыл.

«BILD»-ы фарсытæн  социалон хызæгты: Twitter, Facebook, Instagram æмтгæй райсгæйæ  5,5 милуанæй  фылдæр рафыссæг ис.

Информаци пабликаци кæны  туризмы националон  администраци.