Бидзина Иванишвили – Патриархæн арфæ кæнын йæ интронизацийы юбилейы фæдыл, мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ хъару, цæмæй ноджы бирæ азты дæргъы рæстдинон аргъдзинæдты фидар кæныныл куса
Бидзина Иванишвили – Патриархæн арфæ кæнын йæ интронизацийы юбилейы фæдыл, мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ хъару, цæмæй ноджы бирæ азты дæргъы рæстдинон аргъдзинæдты фидар кæныныл куса

Гуырдзыстоны монон фыд, йæ сыгъдæгдзинад æмæ сеппæтæй арфæгонд, æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг кад æмæ рæстзæрдæй лæггад кæны нæ аргъуанæн, нæ уырнындзинадæн æмæ нæ райгуырæн бæстæйæн – уый фæдыл ис фыст «Гуырдзиаг бæллиццы» цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвилийы арфæйы фидиуæны.

«Йæ сыгъдæгдзинады хайбавæрд гуырдзиæгты, чырыстон дины æмæ паддзахаддзинады сфидар кæнынæн аргъ нæй. Бирæ фæстæзаддзинæдтæм æнæкæсгæйæ, зæгъæн ис æмæ æрдæг æнусы дæргъы, Илья Дыккаг аккагæй хæссы нацийы монон фыды уæззау дзуар.

Мæхи æмæ мæ цардæмбал, Хведелидзе Екатеринайы номæй, арфæ кæнын Патриархæн йæ паддзахбадæныл æрлæууыны юбилейы цытæн, мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ хъару, цæмæй ноджы бирæ азты дæргъы куса рæстдинон аргъдзинæдты фæтыхджындæр кæныныл», -ис фыст Бидзина Иванишвилийы арфæйы фидиуæны.