Бидзина Иванишвили нæ цух кæны, цæмæй америкаг æхцайæ финансиргонд организациты Гуырдзыстоны куысты фæдыл АИШ-ы хицауадмæ гом фыстæгæй басида

Парти «Гуырдзийаг бæллицы» сæрдар Бидзина Иванишвили нæ цух кæны, цæмæй америкаг æхцайæ финансиргонд организациты Гуырдзыстоны куысты фæдыл АИШ-ы хицауадмæ гом фыстæгæй басида.

Уый фæдыл Иванишвили «Имедийы» эфиры , æхсæнадон иртасты æмæ æнæхицауадон организацитыл ныхасы рæстæджы расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, иуæй-иу организацитæ, кæцытæ америкаг æхцайæ цæуынц финансиргонд, АИШ-ы хицауадон интерестæ халынц æмæ Гуырдзыстон -АИШ-ы æмахастытæн дæр хæссынц зиан.

«Æз нæ цух кæнын, цæмæй гом фыстæгæй басидон Конгресс, сенат, АИШ-ы президенты админситрацимæ æмæ сын бамбарын кæнæм цы уавæр ис ам æмæ уый – иуæй-иу организацитæ, кæцытæ америкаг æхцайæ цæуынц финансиргонд, АИШ-ы хицауадон интерестæ халынц æмæ Гуырдзыстон -АИШ-ы æмахастытæн дæр хæссынц зиан», – расидтис Бидзина Иванишвили.