Бидзина Иванишвили - Гиорги Гахариайы куыстуæгъд уыдаит фыдыбæстæйыл гадзрахатдзинад, комкоммæ нысаниуæгæй
Зæгъгæ абон Гиорги Гахариа йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта, уый уыдаит фыдыбæстæйыл гадзрахатдзинад, комкоммæ нысаниуæгæй – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили загъта журналисттæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицæн цауты æнæпропорцион тыхæй спайдайы цаутыл фæдагуырд дарддæр кæны.
«Кæд хицæн цауты æнæпропорцион тыхæй спайда кодтой, уый фæдыл цæуы фадагуырд. Прокуратурæ фæд æвзары, иу пъæлицæйаг ахст у, иннæтæм та акæсæм цы фæбæрæг уыдзæн фæдæвзарæны процессы», – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.
Афтæма, «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдары дзырдæй, мидхъуыддæгты министры Гиорги Гахариайы куыстуæгъд зæгъгæ абон, уыдаит гадзрахатдзинад.
«Гиорги Гахариа йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта, уый уыдаит фыдыбæстæйыл гадзрахатдзинад, комкоммæ нысаниуæгæй, уымæн æмæ Гахариа йæ куыстæй йæхи куы систаит 21-ы æмæ 22-мы, уæд ацы лæппутæ, чидæриддæр организатортæ уыдысты æм уыцы политикътæ, кæцытæ ахæм сидтытæ кодтой æмæ архайдтой парламентмæ балæбурын, уæд ма цæмæн хъуамæ бацыдаиккой парламентмæ, бафæрсут ма сæ, цы сæ хъуыдис парламенты тыхæй куы лæбурдтой кæд æмæ сæ паддзахадон фæфæлдæхт нæ хъуыдис уæд. Цæй зæгъын æй хъæуы, уый уыдис сæ фæнд, æмæ зæгъгæ Гахариа йæ куыстæй йæхи систа, уæд мидхъуыддæгты министрад нал уыдаит.
Тыхмидзинад куы рцæуы, сæйраг институтмæ тых бахæссын, парламентмæ, æмæ йæ пъæлицæй нæ баиргъæвы, уæд цæй зæгъын æй хъæуы, мидхъуыддæгты министр дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа æмæ йæ куыстæй сисын æнæмæнгхъæугæ у. Фæлæ уый бахъом ис парламент бахъахъхъæнын. Баиргъæвта тыхгæнæг политикътæ, «Рустави2»-ы бардарджыты, паддзахадон институт – парламент æмæ бахъом ис, цæмæй ног æнамонддзинад нæ бауагъта дзыллæйы онг. Уый æппæт куы нæ сарызтаит, уæд йæ куыстæй йæхи хъуамæ систаит. Ныр цæуы фæдагуырд, кæд хицæн пъæлицæйæгтæ пропорцион тых фæуæлдайджын кодтой, уыдон закъоны раз ратдзысты дзуапп. Гахариа æмæ мидхъуыдæгты министрад, Хуыцауы руаджы, аккагæй бахъом сты æмæ тыхгæнджытæй, бунтгæнджытæй баиргъæвдтой паддзахадон институт æмæ ног æнамонддзинады онг нæ бакодтой бæстæ»,- райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.
Афтæма, Бидзина Иванишвили райхъусын кодта, цæмæй нæдæр Вашингтонæй æмæ нæдæр Европæйæ, 20 июны тыхæй спайдайы легитимондзинадыл фарст никæмæ фæзындис.