Бидзина Иванишвили фидиуæн парахат кæны
Политикон иудзинад «Гуырдзийаг бæллиц-демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили фидиуæн парахат кæны.
Иванишвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, бæстæйы демокративон размæцыдæн нысаниуæгджын у, разæвзарæнон кампанийы сабырадон тыгъдады ауадзын, æнæагресийæ.
Иванишвили сиды, цæмæй алыхуызон тыхмийы ныхмæ цæуы, кæцы зиан хæссы разæвзарæнон процессæн. Йæ бæлвырдмæ гæсгæ, радикалон опозицион къордтæ тыхми разæвзарæнон кампанийы хайæ скодтой.
Бидзина Иванишвили ГБ фарсылхæцджытæм сиды провокацитыл ма среагир кæной.
«2020 азы парламентон æвзæрстыты онг баззад æртæ къуыри. Нæ бæстæйы демокративон размæцыдæн нысаниуæгджын у, разæвзарæнон кампанийы сабырадон тыгъдады ауадзын, æнæагресийæ. Æз алыхуызон тыхмийы ныхмæ дæн, кæцы зиан хæссы разæвзарæнон процессæн. Радикалон опозицион къордтæ тыхми разæвзарæнон кампанийы хайæ скодтой.
Уæд кæд æмæ конфликт цæуы, зын у уый равзарын чи у инициатор æмæ чи у провокацийы амæттаг. Ноджы зын дæр та у уый бамабыр æмæ сбæлвырд кæнын нæ фæсарæйнаг партнертæн, кæцытæ сæ цæст дарынц æвзарæнон процессмæ.
Фæнды мæ максималонæй хибахызтмæ басидон алкæмæ, уæлдай дæр та Гуырдзийаг бæллицы фарсылхæцджытæм- провокацитæй дард лæут , ма раттæм радикалон къордтæн уый фадат, цæмæй æрхæссой зиан æвзарæнон тыгъдадæн æмæ бæстæйы æппæтдунеон репутаци. Тыхми æмæ дурты æхст сæ архайд у, растдæр афтæ æрцыдысты уыдон йæ рæстæджы хицауадмæ æмæ абон дæр сæ фæнды сæрмагонд æнæперспективондзинад бамбæхсой растдæр ахæм архайдтытæй. Мах алы хатт дæр тыхмийы ныхмæ цыдыстæм. Уый у «Гуырдзийаг бæллицы» къухфыст æмæ нæ растдæр уый хицæн кæны уыдонæй. Нæ прогнозы æвдисæг 54-йæ 60 % æхсæн у æмæ иуæй иу рæтты та 63% дæр.
Ноджы иу хатт мæ фæнды басидон æхсæнадмæ, уæлдай дæр та «Гуырдзийаг бæллицы» фарсылхæцджытæм, провокацитæй уæхи дард айсут, максималонæй уæхи бахизут алыхуызон эмоцион архайдтытæй, цææмй сабырадонæй бацæуæм æвзæрстытæм æмæ сабырадонæй адаргъ кæнæм цард Гуырдызстоны размæцыдæн» -ис фыст Бидзина Иванишвилийы фидиуæны.