Берны Гуырдзыстоны фыццаг  дипломатон  миссийæн нывонд  мемориалон фæйнæг байгом
Берны Гуырдзыстоны фыццаг дипломатон миссийæн нывонд мемориалон фæйнæг байгом

Швейцарийы горæт  Берны «Thunstarsse 2»-ы уæвæг бæстыхайыл абонæй фæстæмæ уыдзæн   Гуырдзыстоны Фыццаг дипломатон миссийæн нывонд  мемориалон   фæйнæг.

Тбилисы  мэрийы   пресс-куысты  хъусинагæй,   мемориалон  фæйнæг сарызтой  бæстыхайыл, цы ран  1918-1920  азты  Гуырдзыстоны  демократон Республикæйы  фыццаг   дипломатон   минæварад æмæ  Гуырдзыстоны прессæйы  бюро  уыдис.

Мадзалыл уыдысты  Тбилисы мэр  Каха Каладзе æмæ Алек фон Графенрид.  Каха Каладзе  æмæ Алек фон Графенрид   бахахх кодтой дыууæ бæстæйы   хæлар ахастыты  нысаниуæг æмæ банысан  кодтой, цæмæй Швейцари  Гуырдзыстоны  хæдбарад  банымадта  1918 азы.

«Æхсызгон мын у  цæмæй  Бернмæ æрцыд Каха Каладзе, уымæн æмæ  Тбилис æмæ берны æхсæн   хæлардзинад  нысаниуæгджын у.  Алцыппæт  цæуы ивд, бæстыхæйттæ  ивынц, фæлæ  баззайы   зæлардзинад» –   банысан кодта  Берны  мэр.