Бердиа Сичъинава – сидæм хицауадмæ, йæхимæ райсæт бæрн тæрхонгæнджытæн санкцитæ сфидар кæныны факты фæдыл
АИШ-ы уынаффæ тæрхондоны коррупцион синдикаты уæнгтæн санкцитæ сфидар кæныны фæдыл, у комкоммæ æрвитæггаг, ома бæрн уыдзæн алы персонализацигонд уæнгæн, йæ бын чи къахы гуырдзиаг демократийæн æмæ закъоны сæйрагдзинад – уый фæдыл парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнг Бердиа Сичъинава, партийы æндæр уæнгтимæ иумæ уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Бердиа Сичъинавайы дзырдæй, парти «Гуырдзыстоны тыххæй» сиды хицауадмæ, сисæт йæхиуыл бæрн æрцæугæ фактыл, знаггадгæнæг риторикæйы бæсты, концентраци скæнæт конкретон фарстатыл.
«Хицауадмæ нæ сидт у ахæм, райдайæн этапыл саразæт конкретон архайадон къахдзæфтæ. Сæрмагондæй та штатты æрдгæй санкциргонд тæрхонгæнджытæ хъуамæ сæхи суæгъд кæной сæ куыст бынæттæй, Гуырдзыстоны парламент райсæт нæ иницииргонд иумæйаг тæрхондæтты фæдыл органон закъоны ивддзинæдтæ, Юстицийы бæрхонддæр советы уынаффæтæ а.х. дывæр дыууæ-æртыккæгæмы принципæй æрфидар кæныны фæдыл, Венецийы Комиссийы рекомендацитæм æмбæлгæйæ, райдайæт тасттæрхоны системæйы фундаментон реформæ, кæцы ацæудзæн инклюзивонæй алы интересджын акторы æмхайадæй. Хицауадмæ ноджы иу хатт сидæм, знаггадгæнæг риторикæйы бæсты, концентраци скæнæт уæлдæрбанысангонд фарстатыл æмæ сыл виппайды реакци скæнæт», – райхъусын кодта Бердиа Сичъинава.