Бензин æмæ дизелы импорт фæкъаддæр ис
Бензин æмæ  дизелы импорт фæкъаддæр ис

2017 азы январ-ноябры Гуырдзыстоны бензины æмæ дизелы артагы импорт аххæссыд 979,1 мин тоннæмæ, кæцы 78,2 мин тоннæйæ кæнæ та 7,4 % къаддæр у ивгъуыд азы аналогион периоды бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ. Информацийы уый тыххæй публикаци кæны нефтпродуктты импортерты цæдис. Сæ информацийæ, цæугæ азы æртæ кварталы уавæрæй, бынæттон кондады хом нефты бакусынæй ист æрцыд : бензин – 2197,7 тоннæ, дизел – 8334,8 тоннæ. 2017 азы фыццаг 11 мæйы дæргъы авиацион фæтæгены импорт аххæссыд 83,9 мин тоннæмæ, кæцы 16,9 мин тоннæйæ кæнæ та 25,2% -æй фылдæр у ивгъуыд азы аналогион периоды бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ. Нефтпродуктты импортерты цæдисы бæрæггæнæнтæй, фæстаг азты авиацион нæфты импорт æмæ пайдакæнынад нысаниуæгджынæй рæзы, кæцы баст у Гуырдзыстоны æхсæнадæмон рейсыты æххæстгæнæг уæлдæфон транспортон фæрæзты рейсыты рæзтимæ, кæцы йæхиæрдгæй баст к Гуырдзыстонмæ визиторты æмæ туристты нымæцы рæзтимæ.