Бен Ходжес - Хорз уаид АИШ-æ Гуырдзыстоны æфсæддон базæ куы бакæнид, уый
Хорз уаид, кæд Гуырдзыстоны хицауад уый бар ратдзæн, АИШ-æ Гуырдзыстоны бакодтаит базæ, кæцыйæ Вашингтон спайда кодтаит Сирийы кæнæ Иракы проблемæты дзуаппæн æфсæддæтты арвитыны рæстæджы, – уый фæдыл Европæйы АИШ-ы æфсæддон тыхты раздæры сæргълæууæг, Бен Ходжес Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ интервьюйы рæстæджы фæныхас кодта.
Бен Ходжесы дзырдæй, АИШ-ы æмæ НАТО-йы сæйраг нысан хъуамæ уа Сау Денджызы регионы инициативæ райсын.
«Хорз уаид, кæд Гуырдзыстоны хицауад уый бар ратдзæн, АИШ-æ Гуырдзыстоны бакодтаит базæ, кæцыйæ Вашингтон спайда кодтаит Сирийы кæнæ Иракы проблемæты дзуаппæн æфсæддæтты арвитыны рæстæджы. Ахæм базæ Гуырдзыстоны бакæнын гæнæн ис, пайдаджын уа. Сæйраг нысан та уый у, цæмæй АИШ æмæ НАТО Сау Денджызы инициативæ сæхимæ райсой æмæ иудадзыгæй æрмæст Кремлы дзуаппæн ма архайæт. Фæлæ Кремл хъуамæ тыхыбын бакæнæм архайæт нæ къахдзæфтæм гæсгæйæ. Уый провокацион архайд нæу. Уæрæсейы ардауын нæ хъæуы. Уæрæсе Гуырдзыстон æмæ Украинамæ уыцы периоды балæбурдта, Уæрæсейы æрдæм нæ ахаст сегасдæр фæлмæн куы уыдис, уæд. Германийæ танкытæ иууылдæр куы ракодтам, уый фæстæ æрцыд ацы хуъыддаг. Уый тыххæй дæр Уæрæсейы провокацитыл ма хъуамæ тыхсæм», – райхъусын кодта Бен Ходжес.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ахсджиаг у, цæмæй АИШ-ы ног президенты администраци адарддæр кæна Уæрæсейыл æлхъывд æмæ уый араза Германи æмæ Францимæ иумæ.
«Ныфс мæ ис, Байдены администраци кусдзæн Францимæ æмæ Германиимæ иумæ, цæмæй уæлæндæвд скæна Мæскуыйыл, цæмæй Кремль цыткæна æхсæнадæмон закъондæттынадæн æмæ суверенон арæнтæн. Уæрæсейыл экономикон æмæ дипломативон хъомыс бадарын хъæуы. Уæрæсейæ хъуамæ æрдомæм дзуапп, æхсæнадæмон нормæтæ куы халы уæд. Кæд АИШ, Германи æмæ Франц ацы фарстайыл иумæ кусдзысты, уæд фæстиуæгмæ æрцæуын ис гæнæн», – райхъусын кодта Бен Ходжес Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ интервьюйы рæстæджы.