Бен Ходжес – кæцыфæнды журналисты æрцахст, бæлвырд криминалон архайды æддæмæ, проблемон у, журналисты политикон æфсонæй куы ахсынц, уæд тарст хъуамæ уой æндæр журналисттæ дæр
Кæцыфæнды журналисты æрцахст истæй тыххæй, бæлвырд криминалон архайдæй цух, у проблемон, – уый фæдыл Европæйы АИШ-ы сурзæххон æфсæдды раздæры сæрдар, инæлар Бен Ходжес фехъусын кодта. Ходжесы журналисттæ бафарстой «Мтавари Архийы» генералон директор Ника Гварамиайы тыххæй.
Бен Ходжес куыд банысан кодта афтæмæй, бæстæйы журналисты политикон æфсонæн куы ахсынц, уый тыххæй тарст хъуамæ уой æнæдр журналисттæ дæр.
«Ис аххос цæй тыххæй АИШ-ы конституцийы бындурæвæрæг уæнгтæ, конституцийы автортæ ныффыстой, ома прессæйы сæрибардзинад у демократийы бындурон элемент. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæцыфæнды журналисты æрцахст истæй тыххæй, бæлвырд криминалон архайдæй цух, проблемон у. Мæ хуъыдыйы дарын уый, цæмæй журналисты политикон æфсонæн куы ахъсынц, уый тыххæй бæстæйы тарст хъуамæ уа æндæр жукрналисттæ дæр, нæкæсгæ уымæ, кæцы организацийæн кусут журналисттæ. Алчи, чидæриддæр демократийыл сагъæс кæны, хъуамæ баиу уæд æмæ тынг мæсты уæд, кæцыфæнды журналисты куы æрцахсын уæд.
Ноджы иу хатт дзурын, мæ хъуыдыйы нæ дарын фæндагон-транспортон цау кæнæ исты криминалон архайд, фæлæ кæд хицауадæн йæ зæрдæмæ нæ цæуы цы фыссынц кæнæ дзурынц журналисттæ» уæд мæнмæ гæсгæ, уый у тас, кæцыйыл реагиркæнын æнæмнгхъæугæ у», – райхъусын кодта Бен Ходжес.