Бен Емерсон – августы мæйы уæрæсейы аххосагы алкæмæй карз бæлвырдгæнæг, сæрмагондæй Владимир Путинæй цæуы
Бен Емерсон – августы мæйы уæрæсейы аххосагы алкæмæй карз бæлвырдгæнæг, сæрмагондæй Владимир Путинæй цæуы
Бен Емерсон – уæрæсе гуырдзийæгты этникон сæрфты нæ бахъыгдардта, арæх та аххосагы йæхæдæг дæр иста хайад. Адвокат уый фæдыл абон Страсбургы расидтис.
«Тохгæнæн архайдтыты рæстæджы æмæ сæ фæуды фæстæ, уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæ сепаратисттимæ æмæ Уæрæсейы æрдыгæй контролгонд æндæр æнæлегалон къордтимæ иумæ бацыдысты гуырдзийаг хъæутæм. Ацы рæстæджы цæрджыты хай кæнæ лыгъд уыд кæнæ та эвакуацигонд, фæлæ чи баззад уыдон сæ фылдæры хай карджынтæ уыдысты. Уырыссаг æфсæдæттæ гуырдзийаг хъæутæ басыгътой. Æртхъирæн кодтой бынæттонтæм кæд æмæ уыдон нæ ацыдаиккой хъæутæй.
Адвокаты ныхасмæ гæсгæ ис бирæ бæлвырдгæнджытæ, уый фæдыл æмæ Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæн сæ бон уыд гуырдзийæгты этникон сæрфты фæуромын.
Уæрæсейы аххосагы алкæмæй карз бæлвырдгæнæг йæхæдæг Владимир Путин у. Уæрæсейы Гуырдзыстоны интервенцийы цыппар азы сæрыл парæзт пресс-конференцийыл Владимир Путин раисдтис – план генштаб бацæттæ кодта, ацы планмæ гæсгæ мах Хуссар Ирыстоны æфсæдæттимæ ахуырадон куыстытæ дæр сыххæст кодтам.