Белорусы территорийæ уырыссаг æфсæддон хæдтæхджыты ыстæхыны тыххæй, Украинайы æппæт территорийыл уæлдæфон фæдис райхъусын кодтой
Белорусы территорийæ уырыссаг æфсæддон хæдтæхджыты ыстæхыны тыххæй, Украинайы æппæт территорийыл уæлдæфон фæдис райхъусын кодтой.
Украинаг медиайы информацийæ, белорусы æфсæддон базæйæ стахтис «А-50у»-типы дардмæ тæхæг радиолокацион бацагуырды æмæ фæткдæттæг хæдтæхæг, кæцыйæ уырыссаг æфсæддæттæ бырсты нысæнттæ сбæрæг кæнынæн архайынц.
Уый фæстæ уырыссаг æфсæддæттæ Белорусы уæлдæфон тыгъдадмæ «Миг-31» типы æфсæддон хæдтæхджытæ арвыстой.