Бельгийы премьер-министр хъусын кæны, саудалынг сыфтæртимæ цæмæй Украинайы Уæрæсейы агрессийы абарын гæнæн ис Европæйы историйы сеппæтæй
Бельгийы премьер-министр Александр де Кроо хъусын кæны, цæмæй æфсæддон фыдгæнджыты æнæнихкъуыр ныууадзын гæнæн нæй.
Йæ дзырдæй зæгъгæ Бельги æмæ Нидерландтæ, Украинайæн баххуыс уыдзысты фыдракæндты бæлвырдгæнæнты документикæныны уый ныфсæй, цæмæй æбуалгъ фыдракæнгæнæг уæнгтæ тæрхонмæ лæвæрд æрцæудзысты.
Уый фæдыл де Кроо горæт Генты Бельги æмæ Нидерландты министрты кабинеты иуæймаг рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Де Кроойы дзырдæй, Бельгийы хицауад разы у тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны æмæ ИНО-йы адæймаджы барты советы арызт фæдагурæг комиссиимæ æмæ нæ цух кæны Укранамæ тæрхонон медицинон экспертты арвитын.
«Уый у фыццаг къахдзæф уый срæвдз кæнынæн, цæмæй дзуаппмæ лæвæрд уæд варвæртæ, кæцытæ ацы фыдмитæ ракодтой», – райхъусын кодта Лександр де Кроо.
Бельгийы премьер-министры фидиуæнæй, Украинайы Уæрæсейы агресси, «Европæйы историйы сегасдæр саудалыг сыфтæртимæ сбарын ис гæнæн».
Уыйимæ медиа куыд фыссы афтæмæй, Украинайы генералон прокуррор Ирина Венедиктова ивгъуыд къуырийы райхъусын кодта, цæмæй йæ офис Уæрæсейы сæххæст хæстон фыдракæнды 5 800 цауыл фæдагуырд уадзы æмæ уымæ æрвылбойнонæй ног хъуыддæгтæ æмхасæн кæнынц.