Батумы рухсады горæт æрцæудзæн амад
Батумы, премьер-министр Мамука Бахтадзейы инициативайæ ахуырад æмæ рухсады горæт æрцæудзæн амад.
Проекты презентаци абон Батумы сырæзт, кæцыйы премьер-минитср ныхасæй рацыд.
Мамука Бахтадзе фæныхас кодта, ахуырадон тыгъдады нысаниуæгдзинадыл æмæ ноджы иу хатт хъусдард сцырын кодта системайы реформæйыл.
«Иу мæйы размæ æз раттон сымахæн ныхас, цæмæй Батумы, ацы рæсугъд горæты, райдайдзыстæм ахуырадон тыгъдады амад, растдæр Тбилисы цыхуызон амад цæуы, уый хуызон. Мах амайæм алкæмæй нырыккон æмæ нысаниуæгджын центр», -расидтис премьер-минитср.
Рухсады мультифункционирон комплексы уыдзæн æрдзы бацахуыргæнæг лабороторитæ, библиотекæ, рухсады музей æмæ лабороторитæ, Комаровы ног скъола, аивады скъолатæ, конференцион залтæ, рекреацион тыгъдад æмæ цæрæн кампус.