Батумы Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады æмæ æдасдзинады конференци цæуы уагъд
Батумы Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады æмæ æдасдзинады конференци цæуы уагъд
6-7 ноябры Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министрад Гуырдзыстоны хихъахъхъæнад æмæ æдасдзинады конференцийæн фысым кæны. Радонæй 13-æм конференци горæт Батумы, фысымуат «Хилтоны» цæуы уагъд.
Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министрады сидынц, цæмæй фæстаг 13 азы дæргъы Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады æмæ æдасдзинады конференци регионы уникалон форумæй ссис, кæцыйы евроатлантикон æдасдзинады æмæ регионалон стабилондзинад раз расидæнтæ цæуы каст.
Мадзалы хайад райсдзысты бæрзонд рангы гуырдзийаг æмæ фæсарæйнаг политиктæ, хихъахъхъæнады æмæ æдасдзинады сферайы эксперттæ, гражданон æхсæнады, медийы æмæ академон рæнхъыты бæрнонтæ.
Конференци цыппар сессийæ у конд. Фыццаг панелыл Сау денджызы æдасдзинады фарстатæ бакаст. Дыгкаг сессийы рæстæджы хайадисджытæ Гуырдызстон НАТО-йы æмæ Евроцæдисы интеграцийы фæндагыл æххæст прогресс æмæ интеграцийы перспективатыл фæуынаффæ кæндзысты.