Батуммæ лæвæрд уыд туристон «Оскар»
Батуммæ лæвæрд уыд туристон «Оскар»

Батуммæ  лæвæрд уыд  Европæйы  цырд рæзгæ  туристон   æрдæмады  хорзæх, туристон «Оскар». Уый фæдыл  информаци  Ачъарайы   хицауады   сæрдар  Торникэ Рижвадзе  фехъусын кодта.

«World Travel Awards-ы хорзæхджынкæныны церемонийыл  Батуммæ  лæвæрд уыд   Европæйы  цырд рæзгæ  туристон   æрдæмады  хорзæх. Батумы  официалонæй банымадтой, 2023  азы  цырд рæзгæ  туристон   æрдæмады  хорзæх-ы  хорзæхджынкæныны   мадзалы  фысым горæтæй» – фыссы Рижвадзе   социалон хызаджы.

Батумы  мэрийы  хъусинагæй, цырд рæзгæ  туристон   æрдæмады  хорзæх-ы престижон хорзæхджын кæныны  церемонийыл  Батум, 10 бæстæйы  туристон æрдæмадты æхсæн фæуæлахиз ис æмæ Европæйы сеппæтæй  цырд  рæзгæ   туристон  æрдæмадæй2022  ссисю

Банысан кæнын хъæуы  уый цæмæй  Батум  ацы титул райста   2019 азы дæр.

Мадзал цæуы 1993 азы фæстæ.  Æмтгæй райсгæйæ  мадзалыл сæдæгай  номинацитæ ис  æмæ дæсгай  номинант  континентты æмæ бæстæтæм гæсгæйæ  æндæр æмæ æндæр категоритыл сты дих.  Сæ нымæцы ис  акæнæг  фысымуаттæ, туристон  агентадтæ, туристон   аттракцитæ, æрдæмадтæ,  туроператортæ, афтæма  денджызон ,  фæндагон,  уæлæфон  транспорты  компанитæ æмæ а.д.