Сирийы президент Башар Ал Асад раивдта хъахъхъæнынады министры.
Ног министрæй ссис генштабы хистæр Абдулла Айуб, кæцы фæивдта Фахид Прейджы.
Уый фæдыл Сирийы хицауадон агентад «Сана» хъусын кæны.
Уымæй уæлдай ма, ивд æрцыдысты индустрийы æмæ информацийы министртæ.
Агентады хъусинагæй, уый 2018 азы Башар Ал Асады фыццаг барамынд у.