«Барселонайы» дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсылхæцæн фидиуæн парахат кæны
«Барселонайы» дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсылхæцæн фидиуæн парахат кæны

«Барселонайы» дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсылхæцæн фидиуæн парахат кæны

Футболон клуб «Барселонайы» дохтыр Рамон Кугарт Цхинвалы окупацион режимы уацары уæвæг гуырдзийаг дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсылхæцæн фидиуæн парахат кæны.

Испайнаг дохтыры фыстæгы ис фыст:

«Ацы фидиуæн, нæ зынаргъ коллега æмæ æрдхорды, Важа Гаприндашвилийы номæй фыссæм.

Мах уый зонæм нырма Барселонамæ стипендийы прорамайы фæлгæтты куы æрцыд. Уый тынг хорз адæймаг, кадджын æмæ рæстадон дохтыр у, кæцыйы фæндон дæр уæззау уавæры уæвæг адæмæн лæггад кæны.

Дохтыр Гаприндашвили Цхинвалы регионы политикон интерестæм гæсгæ нæ ныццыд. Йæ сæйраг нысан уыд пациентæн баххуыс кæныны æмæ бабæрæг кæнын.

Сидæм уыцы уæнгтæм, кæцытыл у баст фарстайы бакаст æмæ уæ курæм, нæ коллега, тагъд рæстæджы æссæрибар кæнут, цæмæй йæ бинонты æмæ æрдхордты хъизæмар йæ кæронмæ бацæуа.