Барселона æмæ Венамæ Кутаисы аэропортæй ком-коммæ рейстæ сног уыдзысты
31 октябрæй Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй Барселонæйы æрдæм, къуырийы иу хатты комкоммæ регулярон рейсыты сыххæст сног уыдзæн, 2 ноябрæй та Европæйы сеппæтæй тагъд рæзгæ ныллæгбюджетон авиакомпани «WizzAir» Кутаисæй комкоммæ регулярон рейсты сыххæст Венæйы æрдæм къуырийы дыууæ хаттонæй сног кæндзæн – хъусын кæны Гуырдзыстоны аэропортты иугонд.
Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Испани æмæ Австримæ балц кæнын сæ бон у туристон нысанæн.
Испанимæ туристон балц Гуырдзыстоны рæувадат уыдзæн кæцыфæнды вакцинæйæ æрмæст дыууæхаттонæй вакцинацигонд уæнгтæн, кæцытæ арæныл хъуамæ бавдисой вакцинæйы бæлвырдгæнæн документ (COVID-19 картæйæ ц ы хонынц уый, QR кодæй). Испанимæ балцы 48 сахат агъоммæ, æнæмæнгхъæугæ у медицинон контролы онлайн регистрацион формæ баххæст кæнын www.spth.gob.es/create æмæ райсгæ QR коды арæныл бавдисын.
Автсримæ балцы агъоммæ та, гуырдзыстоны æмбæстæгтæ арæныл хъуамæ бавдисой 72 сахатцы дæргъхы арызт PCR-тесты кæнæ антигены тест (фæстаг 48 сахат; дохтыры лæвæрд æвдисæнгæххæт вирусæй сæнæниз уыны фæдыл, кæнæ вакцинацийы бæлвырдгæнæн документ (BioNTech-Pfizer, Moderna, AstraZeneca, Johnon and Johnson, BIBP-CorV–Sinopharm,Sinovac).
Австрийы территоримæ бацæуыны нысанæн гоймаг æххæстæй вакцинацигондыл нымад цæуы, вакцин1æйы дыккаг дозæ саразынæй 6 мæйы дæргъы. Гоймæгтæ кæцытæ вакцина сараздзысты кæцыйы æрмæст иу дозæ у æгъгъæд( дæнцæн, Johnson & Johnson) вакцинацигоындыл нымад цæуынц вакцианцийы бонæй 22-æм бон, 9 мæйы дæргъы.