Бардарæг Ананиа Джапаридзе – Мах стæм диптихы æмæ диптихмæ гæсгæйæ, Украинайы автокефалий, сæрæй хъуамæ банымайа Александрий, Антиохий... æмæ нæ рад дæр æвæццæгæн тагъд æрцæудзæн
Украинайы автокефалийæн йæ фарс кæддæриддæр хæцæм – уый фæдыл Манглисы æмæ Тетрицъхъаройы митрополит , бардарæг Ананиа Джапаридзе Грецийы аргъуан, Украинайы рæстдинон аргъуаны автокефали банымады тыххæй загъта.
Бардарæг куыд дзуары афтæмæй, автокефалийы райсын у процесс кæцы гæнæн ис дæсгай азтæ аххæсса.
«Мах стæм диптихы, æмæ диптихмæ гæсгæйæ та. Нырма йæ хъуамæ банымайа Александрий, Антиохи æмæ а.д. æмæ нæ рад дæр, стæй æвæццæгæн тагъд æрцæудзæн . Украинайы автокефалийæн, хæдбардзинадæн мах кæддæриддæр йæ фарс хæцæм. Нацимæ ис бар, паддзахадæн уа автокефали æмæ йæм уыдзæн æнæмæнгæй. Уый афон æрлæудзæн. Ай у процесс кæцы даргъ кæны. Иу æмæ дыууæ бонмæ нæ аскуыддзаг вæййы. Махæн уырыссæгтæ автокефали куы байстой, уый æрыздахынæн бахъуыд 100 азы æмæ ноджы 50 азы та уымæн цæмæй йæ Уæрæсе дæр банымадтаит æмæ стæй та Дунейы Патриархий. Зæгъæн ис цæмæй æрмæст сног кæнынæн дыууæ æнусы бахъуыд æмæ ныр та ахъуыды кæнут райсынæн цас? Ай у ахæм процесс, кæцы гæнæн ис аххæсса иу æмæ дыууæ нæ фæлæ дæсгай азтæ. Сæйраг у уый æмæ украинаг адæм уый сфæнд кæна» – райхъусын кодта бардарæг.
Бакой уын кæндзыстæм, 12 октябры, Грецийы рæстдинон аргъуаны Сыгъдæг Синоды сæрмагонд рабадтыл, Украинайы аргъуаны автокефали банымады уынаффæ рахастой.