Бараташвилийы хидыл  цæугæ фæдагон куыстытæм гæсгæ  автомобильты  змæлд хайгай  арæнæвæрд æрцæудзæн
Бараташвилийы хидыл цæугæ фæдагон куыстытæм гæсгæ автомобильты змæлд хайгай арæнæвæрд æрцæудзæн

Николоз Бараташвилийы хидыл  цæугæ фæдагон куыстытæм гæсгæ  автомобильты  змæлд хайгай  арæнæвæрд æрцæудзæн.  Уый фæдыл информацийы хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.

«Патрулон пъæлицæйы  департамент уын хъусын кæны, цæмæй  Тбилисы, Николоз Бараташвилийы  хидыл  цæугæ  фæндагон куыстыты  тыххæй, автомобильты  змæлд  хайгай  арæнвæрд æрцæудзæн, цæй  тыххæй  дæр,  цæугæ  азы 18   августы  20:00 сахатæй  23  августы  23:00  сахаты онг, цæугæдон КЪуары  дыууæдæр былыл, змæлæг автомобильтæн, уагæвæрд цæуы  змæлды  ахæм  уаг:

-Галу донбылæй   рахис  донбылмæ  ахизæг автомобильтæм нæ уыдзæн фадат спайда кæнын  Бараташвилийы  хидæй,   уый тыххæй дæр  уыдон се  змæлд адарддæр кæндзысты  комкоммæ  тунелы  уыдты, кæцæй дæр европæйы  фæзы уылты ахæццæ уыдзысты   рахис  донбылмæ;

-Рахис  донбылыл змæлæг  автотранспортæн нæ уыдзæн фадат  спайда кæныны Бараташвилийы уынгыл (юстийы  хæдзары  цур хæрдмæ пандусæй) Сæрибары  фæзы æрдæм. Тæрджытæ  галиу  донбылмæ  рахизынæн  змæлд хъуамæ адарддæр кæной  рахис донбылыл  æмæ  Европæйы  фæзы  уылты цæугæйæ  ахæццæ  уыдзысты  галиу  донбылмæ» – банысангонд у информацийы.

МХМ-ы хъусинагæй, фæндаджы фæнысангонд  фадыгыл   автомобильты æдасæй  змæлды  нысанæй   автомобилон  змæлд регулир кæндзысты  патрулон  пъæлицæйы  экипажтæ.