Барадхъахъхæнджытæ  Руставелийы проспектыл, парламенты   бæстыхайы раз æвæрд цартытæ  систой
Барадхъахъхæнджытæ Руставелийы проспектыл, парламенты бæстыхайы раз æвæрд цартытæ систой

Барадхъахъхæнджытæ  Руставелийы проспектыл, парламенты   бæстыхайы раз æвæрд цартытæ  систой.

Полици  территори, цатыртæй   сæвдæлон кодта.

Тбилисы, Руставелийы  проспектыл знон ацыд   акци   «ნუ მომკლავ» (Ма мæ  амар).  Акцийы  фæсьæ хайадисджытæ  парламенты раз  уæвæг  цатыртæ, Руставелийы  проспектыл фæндаджы  цæуæн хаймæ рахастой,  цæй тыххæй дæр,  фæндаджы  фæнысангонд  фадыгыл  автостранспорты змæлд  урæд æрцыд.  Барадхъахъхъæнджытæ, абон  Руставелийы проспектыл  уæвæг цатыртæ  фæндагæй  фæстæмæ  парламенты раз ерриторимæ  ахастой æмæ   фæндагыл та   автотранспорты змæлд сног ис.

Афтæдæр абон   Руставелийы проспектыл  æвæрд цатыры  инцидент  æрцыд, кæцыйы фæстæ  цалдæр  уæнгы æрцахстойю.

Афтæма,   патрулон полицийы  департаменты хистæр, Теймураз  Купатадзе  абон журналисттæн куыд дзырдта афтæмæй,   нозтджын   уæнгтæ зæгъгæ, Руставелийы  проспектыл  æвæрд цатырмæ  цыдысты  æмæ  кæрæдзимæ  быцæу кодтой æндæр æм æндæр фарстытыл.