Барадхъахъæнджытæ хъæлæсон сигналæй фæдзæхсынц митингы хайадисджытæн, цæмæй фæстæмæ ацæуой æмæ тыхмигæнæгон митæ ма кæной
Парламенты цур, Руставелийы проспектыл, нырма дæр æндыгъд уавæр у. Митингы хайадисджыты æмæ барадхъахъæнджыты æхсæн ныхмæлæуд цæуы.
Парламенты цур 9-æм апрелы уынг ссыгъдæг кодтой митингы хайадисджытæй æмæ йæ баурæдтой барадхъахъхъæнæг дæлхайæдтæ. Митингы архайджытæ ныртæккæ сты Парламенты центрон бахизæны.
Уыимæ иумæ, митингы хайадисджытæн хъæлæсон сигналæй полици фæдзæхсы, цæмæй фæстæмæ ацæуой, тыхмийы архайдтытæм ма æрцæуой æмæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæной, науæд полицийы мадзæлттæй спайда кæндзысты.


