Банкон регуляциты скуыст фыццаг январмæ æрцыд æргъæвд
Банкон регуляциты скуыст фыццаг январмæ æрцыд æргъæвд

Банкон регуляциты скуыст фыццаг январмæ æрцыд æргъæвд

Ног регуляцитæ, кæцытæ коммерцион банктæн сомæй хъуамæ скуыстаиккой æрцыдысты æргъæвд фыццæгæм январы онг. Уый фæдыл информаци националон банк парахат кæны.

Тобæдзинæдтæ, кæцытæ сомæй хъуамæ скуыстаиккой, æрмæст банкон секторыл парахат кодтой. Ист æскъуыддзагæй та уыдон æнæбанкон организациты регуляцитимæ иумæ, фидæн азы фыццæгæм январы бацæудзысты сæ тыхмæ.

Националон бапнкъы сидынц, цæмæй плангонд регуляцитæ фæлæмæгъ сты æмæ ныр техникон деталты сбæлвырды фæдыл цæуы куыст.

Физикон уæнгтыл кредитты алæвæрды ног регуляциты 2018-æм азы фыццæгæм ноябрæй хъуамæ скуыстаиккой. Ныхас цæуы регуляцитыл, кæцытæм гæсгæ:

– ипотекайыл уыдзæн вæрд максимум 15 – азон лимит.

– æнæзмæлгæ мулкъæй ифтонг пайдагæнæгы кредиты максимум – 10 азон уыдзæн.

– автомобилон кредиты максимум -6 аз.

-алыхуызон кредиты даргъ – 4 азæй фылдæр ма хъуамæ уа.

Националон банкъы проектмæ гæсгæ, уыд æхсæз æфтиагон  уæладзыг æмæ кредиты коэфициент:

– мæйы 10 000 ларийæ фылдæр – банк сæрмагонд мидполитикамæ гæсгæ нысан кæны.

– мæйы 7 000 -10 000 ларийы онг – алымæйон кредитон уæз æфтиагы максимум 30%, 3000 ларийы онг.

–  5 000 – 7000 – 25%

-3000 – 5000 – 20%

– 1000- 3000 – 20%

– 1000 ларийы онг – 20% 200 ларийы онг.