Байдены администрацийы политикæ Хурыскæсæн Европæйы æрдæм – ног ныфс Гуырдзыстонæн?
Байдены администрацийы политикæ хурыскæсæн Европæйы æрдæм: Гуырдзыстоны ног ныфс? – ахæм у Æввахс Скæсæны институты арæнгæрон Европæйы инициативæйы хистæр иртасæгы, Юлия Сабина Жожайы авторон статийы сæргонд Публикаци Æввахс Скæсæны институты вебфарсыл æрцыд æвæрд.
«Гуырдзыстоны ныуылæйнаг фидæн ивгъуыд къуырийы АИШ-ы æддæ политикæйы центры фæбæрæг ис. Постыл сфидар кæныны фæлгæтты уагъд хъусыны рæстæджы АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкен сфæлхатт кодта, ома Гуырдзыстон цæгат-атлантикон альянсы уæнг хъуамæ суа, куыддæр йæ критеритæм æмбæлон суыдзæн уыцытæккæйæ. Блинкены фидиуæн тæккæ афоныл у. Гуырдзыстон Уæрæсейы æрдгæй рæзгæ политикон æлхъывд æмæ сæрмагонд территорийыл æфсæддон уæвыны уавæрты ис, кæцы амæйразмæ Уæлхох Карабахы дыккаг хæсты тыххæй ноджы фæкарздæр ис. Иурæстæгонæй, дæсгай азты дæргъы къуымау уавæры фæстæ, нысаниуæгджын атынд æрцыд адæймаджы барты европаг тæрхондоны æмæ тугтæрхоны æхсæнадæмон тæрхондоны Уæрæсейы ныхмæ Гуырдзыстоны хъасты. Æхсæнадæмон бонвæткы Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг курсы размæ рапхæцынæй, хурыскæсæн Европæйы бæстæтæ сæ хъус дардзысты ситуацимæ æмæ фендзысты цас бафæраздзæн Байдены администрацийы æддæгон политикæ регионалон æдасдзинады хъуыддагмæ ивддзинæдтæ бахæссын», – фыст ис статийы.
Публикацийы мидæг дзырд ис, цæмæй 2008 азы Гуырдзыстонмæ лæбурды фæстæ, бæстæ ныгуылæйнаг партнерты æххуысæй бафæрæзта конфликты экономикон æндæвдадыл фæтыхуын æмæ Хуссар Кавказы иунæг стабилон демократийæ сырæзт. Статийы автор банысан кодта, ома «уыимæ ма, Гуырдзыстон æмбæлон у альянсы уæнгæй суæвыны техникон доментæм».
Статийы мидæг банысангонд у, цæмæй фæстаг дæсой азы дæргъы Уæрæсе гибридон хæст кодта æнæ æрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма æнæхъæн хурыскæсæн флангыл – Балтийы Денджызæй райдагæ СауДенджызы онг, Хуссар Кавказы æмæ хурыскæсæн Зæххастæу денджызы былгæрон хынцгæйæ æппæт территорийыл.
«Америкæйы хурыскæсæн Европаг партнертæ – райдайгæ Гуырдзыстонæй, Балтийыбылгæрон паддзахадтæ хынцгæйæ – иууылдæр сын иттæг æнæмæнгхъæугæ у Вашингтоны æрдгæй Уæрæсемæ фылдæр хъæддых политикæ бакуыст. АИШ-ы æххуыс куыннæ уаид, ацы паддзахадтæн ницы шанс уыдзæн Уæрæсейы агрессийæн йæ ныхмæ слæууын. Растдæр уый тыххæй у нысаниуæгджын АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Блинкены фидиуæн. Фæлæ Байдены администрацийы æрдгæй Хурыскæсæн Европæйы æдасдзинады сферæмæ ивд бахæссыны амлахъомдзинад конкретон архæйдтыты рæхысыл у баст» – дзырдæуы публикацийы.
Статийы автор ма банысан кодта, цæмæй Хурыскæсæн европæйы Уæрæсейы фидæнон агресси арæнскæныны сегасдæр эффективон фæндаг у фæурæды фæрцы агрессийы гæнæн хардзтæ райрæзын кæнын.
Гибридон хæстæн хъæуы гибридон иргъæвæг мадзæлттæ: архайадон санкцитæ сфидар кæнын, демократон институтты стынг кæнын, кибер-хъахъхъæнынанды фадæттæ стынг кæнын, Уæрæсейыл Европæйы энерго бастдзинад фæкъаддæр кæнын, æфсæддон тросстæ айтындзын æмæ ахæм иргъæвæг фадæттæ рапарахат кæнын, кæцытæ рæувадат уыдзысты альянсы уæнг кæцы бæстæтæ не сты уыдонæн дæр.
«Ацы мадзæлттæй иуæй-иутæ Хурыскæсæн европæйы ныридæгæн архайынц. Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг фидæнмæ Байдены администраци политикон иузæрдыг ахаст уыдзæн хцондзинад бæстæйæн, кæцыйы алыварс сты уырыссаг æфсæддæ æмæ кæцы лæууы геополитиконæй стратегион регионы.
Уый уыдзæн объективон дзуапп Гуырдзыстоны тыхархайдыл æмæ нысаниуæгджын къахдзæф транс-атлантикон æдасдзинад фæфидар кæныны æрдæм. Фæлæ хурынскæсæн Европæйæн фæстаг дæс аз ссис, ныгуылæны ныфсыты æмæ æнæуромгæ Уæрæсейы агнрессийы æхсæн æмуæзад бахъахъхъæды актæй.
Байдены администрацийæ бахъæудзæн стыр тыхархайд ацы бадзырд сыххæст кæнынæн æмæ уый æртъхъирæнтæй бахизынæн» дзырдæуы статийы.