Проект «фыстæджытæ æфсæддæттæм» фæлгæтты, Гуырдзыстоны масштабæй скъолаты бамбырдгонд ахуыргæнинæгты фыстæджытæ, Афгъанистанмæ Мазар-И-Шарифы фæстæ, ныр та Баграмы авиацион базæмæ нылластой, цы ран IV механизацигонд бригадæйы 43-аг батальон у дислоциргонд.
ХЪахъхъæнынады министрады информацийæ фыстæджыты ахуыргæнинæгты фарстытæ, фылдæр «ХЪæддаг Фарсхæцынады» миссийы гуырдзиаг æфсæддæтты куысты тыххæй уыдысты. Сывæллæттæ æфсæддæттæн фыдыбæстæмæ æнæниззæй æмæ сабырæй æрыздæхын ракуывдтой.
Гуырдзиаг сабырадонтæ хъарм фыстæджыты тыххæй чысыл хæлæрттæн раарфæ кодтой æмæ дзуаппон фыстæджытæ æрцæттæ кодтой, кæцытæ Гуырдзыстонмæ рарвитыны фæстæ, лæвæрд æрцæудзысты адресаттæм.
Гуырдызстоны масштабæй, æндæр æмæ æндæр скъолаты сывæллæтты фыстæджытæ юстицийы министрады тугтæрхоны барады юридикъон уæнг «Фыдракæнды превенцийы центр» æрымбырд кодта, æрмæст АФгъанистанмæ та сæ нылласта хъахъъхæнынады министрад.
«Фыстæг Æфсæддæттæм» Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады, юстицийы æмæ ахуырады æмæ зондæты министрадты иумæйаг проект у, кæцыйы фыдракæнды превенцийы центр студенттимæ иумæ 2012-æм азæй æххæст кæны. Проектæн йæ нысаниуæг уый мидæг ис æмæ, фыдыбæстæйæ дард уæвæг хæстонтæн, сæ зæрдæ барухс кæнын æмæ æнцойад равдсын у. Кæстæр классæгтæн дзуаппон фыстæджыты райсын тынг стыр цины æмæ аккаг фæзынд у.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.