Азийы размæцыды банк Гуырдзыстоны æнтыстдзинæдттæн иттæг хорз аргъ дæтты
Гуырдзыстоны æнтыстдзинæдтæ, реформæты реализаци æмæ экономикайы размæцыд –нысаниуæгджын сты. Уый фæдыл Азийы размæцыды банкы вице-президент Венчай Жанг Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлдыл расидтис. Хицауады администрацийы информацимæ гæсгæ, Азийы размæцыды банкы вице-президент, кæцы Тбилисмæ «Зæлдаг фæндагы» форумы фæлгæтты æрцыд, бахахх кодта Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинады позитивон динамикæ. Афтæ дæр позитивон аргъ ратта Гуырдзыстоны инфраструктурæ æмæ публикон сфераты размæцыдæн, хицауады вæрд къахдзæфтæн. Фарсытæ фæуынаффæ кодтой куыд фестыр уа инвестициты бæрц æмæ публикон-сæрмагонд партнердзинады ног моделы размæцыдыл, кæцымæ Азийы размæцыды банк стыр хъусдард дары. Уыд хахгонд, цæмæй банкы операцион бизнесплан, кæцы регионалон бастдзинæдтты, транспорт æмæ экономикон коридоры размæцыдæн къухарæзт дары йæ зæрдыл. Премьер, Азийы размæцыды банкы программайы фæлгæтты плангонд инфраструкутрон проектты финансон фарсылхæцындзинадæн бузныг расидтис.