Азийы размæцыды банкъ Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинады ног стратеги сбæлвырд кодта
Азийы размæцыды банкъ Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинады ног стратеги сбæлвырд кодта
Ног стратегийы æнтыстгондæй реализацийæн банкъ Гуырдзыстонæн суверенон кредитты нымæц фидæн фондз азы мидæг 2 миллиард доллар уыдзæн. Финансирдзинады йæ зæрдыл дары хицауады æртæ проект дæр – скæсæн-ныгуылæн æмæ цæгат-хуссары транспортон æмæ экономикон коридоры æмæ Анаклийы порты æмæ специалон экономикон зонайы размæцыд. Снысангонд проекттæ нысаниуæгджын сты Гуырдзыстоны регионалон центрæй снысаны фарстайы, кæцы ратдзæн фадат денджызмæ ахызт кæмæн нæй уыцы бæстæтæн-Сомихистон æмæ Азербайджаны базарты баконд æмæ централон азийы регионалон экономикон æмкуыстдзинады коридоры рæзты Сау денджызы æмæ Европайы æрдæм.
Транспортон коридоры размæцыды параллелонæй, ног стратеги йæ къух сараздзæн хицауады уынд сцырын кæна коридорты экономикон куыст, быннæтон центрыл, сæйраг туристон æмæ хъæууон хæдзарадон баст хъæуты цæрджытæн.