Азербайджаны премьер-министр, Али Асадов раныхас кæндзæн Тбилисы "Зæлдаг фæндагы" форумыл
Азербайджаны премьер-министр Али Асадов, Тбилисы “Зæлдаг фæндагы” форумы официалон байгоммæ æрцæудзæн æмæ Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны премьер-министртимæ иумæ, бæрзонд æмвæзады диалогы хайад райсдзæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад парахат кæны.
Минитсрады информацийæ, форум 22-23 октябры уагъд æрцæудзæн фыццаг хатт æмæ дзы хайад райсдзæн 2000-ы бæрц делегат.
«Фыццаг хатт, форумы фæлгæтты, 23-æм октябры уагъд æрцæудзæн Тбилисы финансон саммит, кæцы йæ масштабæй æнæпрецедентон у, финансон саммит уагъд æрцæудзæн Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад æмæ Гуырдзыстоны националон банкъ, Сингапуры бындурæвæрд Глобалон Технологийы æмæ Финансы организациимæ иумæ (GFTN).
Форумы уагъд æрцæудзысты панелон рабадтытæ ахæм нысаниуæгджын сферæтыл, куыд æхсæнадæмон базарад æмæ нырыккон фарстатæ, транспорт æмæ логистикæ, астæуккаг къæлидоры размæцыд, энергетикæ, нымæцон трансформаци æмæ æнд.
«Тбилисы æфсæнвæндаджы форум» фыццаг хатт уагъд æрцыд 10 азы размæ, 2015-æм азы, æмæ уæдæй фæстæмæ алы дыууæ азы арæзт цæуы» – ис фыст Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады расидæны.