Азербайджаны премьер- Гуырдзыстон-Азербайджаны æхсæн ахастытæ абон стратегион партнерады æмвæзадмæ бахæццæ сты, нæ ахастытæ тынг кæнынц алы сферæйы
Азербайджаны Республикæйы премьер-министр Али Асадовы фидиуæнæй, Гуырдзыстонмæ Азербайджаны делегацийы визит ахъаззаг уыдзæн Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дыууæфарсон пайдаджын æмгуыстады дарддæр стынг кæнынæн.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон-Азекрбапйджаны ахастытæ абон стратегион партнерады æмвæзадмæ бахæццæ сты æмæ дыууæ бæстæйы ахастытæ рæзынц алы фсферæйы.
«Æхсызгон у нæ хæлар бæстæйы официалон визитæй куы дæн уый. Махæн иттæг нысаниуæгджын у ацы визит. Уырны мæ, визит ахъаззаг уыдзæн Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дыууæфарсон пайдаджын æмгуыстады дарддæр стынг кæнынæн. Æхсæнхицауадон комиссийы рабадт дзæбæх фадат у, æркæсæм нæ ахастыты дарддæр райрæзты фæндæгтæ æмæ нæ æмгуыстады сферæты ауæрæхдæр кæнæн. Уымæй уæлдай ма, нысаниуæгджын мегапроекттæ, кæцыты иумæйагæй æххæст кæнынц Азербайджан æмæ Гуырдзыстон. Нæ адæмты иу кæны бирææнусон хæларсыхагон ахастытæ, кæрæдзийæн цыт. Нæ бæстæты æхсæн ахастытæ абон стратегион æмвæзадмæ бахæццæ сты. Нæ ахастытæ тынг кæнынц алы сферæйы, политикæйы, экономикæ, энергетикæ, транспорт, культурæ, ахуырад, æфсæддон æмæ бирæ æндæр сферæтæ. Нæ кæрæдзийы фарсдарæг стæм ацы сферæты райтынгы æмæ тынг кæнынц нæ ахастытæ дæр алы сферæйы. Уырны мæ уæ хайадсæй абон къухбафыст документтæ ноджы фæтагъддæр кæндзæн ацы процесстæ», – райхъусын кодта Азербаджаны премьер-министр.
Али Асадовы дзырдæй, зæгъгæ Азербайджан æмæ Гуырдзыстон æхсæнадæмон æмвæзадыл дæр кæддæриддæр кæрæдзийы фарс дарынц.
«Нæ кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн кæддæриддæр фарсдарæг стæм, цытджын премьер-министр, экономикон ахастытæ æнтыстджынæй рæзынц. Гуырдзыстон Азерабайджанæн иуæй-иу сæйраг базарадон партнер у, цæугæ азы нæ базарадон зилдух сырæзт 3%. Цæй зæгъын æй хъæуы, цæугæ пандемийы æмæ глобалон экономикæйы раз уæвæг быцæусидты фоныл, ацы рæзт æвдисы, цæмæй нæ бæстæты æхсæн ис ноджы фылдæр потенциал æмæ нæ бон бауыдзæн ацы ахастытæ тсынг кæнын. Цытджын премьер, комиссийы зынаргъ уæнгтæ, уырны мæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн дыууæфарсон æхсæнхицауадон комисси, нæ экономикон рæзынад æмæ динамикон рæзынадæн ахъаззаг уыдзæн», – банысан кодта Али Асадов.