Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны  позициты æрдæм   æхсты, Сомихыстон та  аххосæгтыл нæ сæтты
Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны позициты æрдæм æхсты, Сомихыстон та аххосæгтыл нæ сæтты

Баку Ереваны  зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны  позициты æрдæм   æхсты, Сомихыстон та  аххосæгтыл нæ сæтты.

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады фидиуæнæй,   3 сентябры сихорафонæй  4 сентябры  сæумæрайсоммæ, Сомихыстоны  гарзджын тыхты   хайадтæ,  Басаргечары, Горисы  æмæ Гаракилсы  районты  уæвæг позицитæй,   æндæр æмæ æндæр калдибры  хæцæнгарзæй,  æхстой  Калбаджары  æмæЛачины  районы уæвæг   азербайджайнаг   позициты  æрдæм.  Хъахъхъæнынады  уагдоны  хъусинагæй,  Азербайджаны æфсады  хæйттæ  адекватон  дзуаппон  мадзæлттæ  райстой.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрады та  хъусын кæнынц, цæмæй  Азербайджан  радон  дезинформаци  хæлиу кæны æмæ 3 æмæ 4 сентябры  Сомихыстоны  æфсæддон хайадтæ   не хстой  Сомихыстон-Азербайджаны  арæнгæрон уæвæг   азербайджайнаг  позициты æрдæм.