Азербайджан æмæ Сомихыстон Вашингтоны къухфыст сабырадон расидæны æххæст текст ныммыхуыр кодтой. Документы текст мыхуыргонд æрцыд Сомихы æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрады веб-фарсыл. Документ Азербайджаны президент æмæ Сомихыстоны премьер-министр 8-æм августы Урс Хæдзары сæ къухтæ æрфыстой.
Документы ис фыст, цæмæй фарсытæ бадзырдтой кæрæдзийы суверенитет, территорион æнæхъæндзинад, æхсæнадæмонæй нымад арæнты æнæхæлд æмæ политикон хæдбардзинад банымайын æмæ кад кæныныл.
«Фарсытæ бæлвырд кæнынц, раздæры Советон Социалистон Республикæты арæнтæ кæй систы æмбæлон хæдбар паддзахæдты æхсæнадæмон арæнтæ æмæ ахæмтыл нымад кæй сты дунеон æмæхсæнад, фарсытæ нымайынц æмæ кад кæнынц кæрæдзийы суверенитет, территориалон æнæхъæндзинад, æхсæнадæмон арæнты æнæфæцудгæдзинад æмæ политикон хæдбардзинад», — дзырдæуы документы.
Уымæй дарддæр ма, Сомихстон æмæ Азербайджан бæлвырд кæнынц, цæмæй сæм кæрæдзийы ныхмæ территорион претензитæ нæй æмæ фидæны дæр ахæм домæнтæ нæ сараздзысты.
«Фарсытæ нæ хъуамæ æххæст кæной исты архайдтытæ, уый нымæцы планкæнынад, цæттæгæнæн, разæнгардгæнæг кæнæ æххуысгæнæг архайдтытæ, кæцытæ здæхт сты иннæ фарсы территорион æнæхъæндзинад кæнæ политикон иудзинады æнæхъæнæй кæнæ хайгай скуынæг кæнынмæ кæнæ хæлдмæ» – ис фыст тексты.
Уымæй уæлдай ма, бадзырд æрцыд, цæмæй фарсытæ сæхи бауромдзысты тыхæй пайда кæнынæй кæнæ тыхæй спайда кæныны тæссагдзинадæй иннæ фарсы территорион æнæхъæндзинады кæнæ политикон хæдбардзинады ныхмæ.
Уыцы иу статьяйы фыст ис, зӕгъгӕ, «фӕрстӕ нӕ ратдзысты бар, цӕмӕй сӕ территорийӕ ӕртыккаг фарс спайда кӕна иннӕ фарсы ныхмӕ тыхӕй пайда кӕнынӕн, Иугонд Нациты Организацийы Уставмӕ гӕсгӕ ӕмбӕлон чи нӕу, ахӕм хуызы».
Текстмæ гæсгæ, Сомихыстон æмæ Азербайджан кæрæдзийы мидхъуыддæгты хъыгдардæй сæхи бауромдзысты. Фæрстæ афтæдæр бадзырдтой дипломативон ахастытæ сфидар кæныныл, кæд æмæ декларацийы бæлвырд æмгъуыд нæй нысангонд.
Афтæ дæр фарсытæ разы сты арæнты делимитацийы-демаркацийы фæдыл куыст адарддæр кæныныл, æмæ ма банысангонд цæуы, цæмæй Сомихстон æмæ Азербайджан разы сты, цæмæй арæны сæрты искæцы æртыккаг бæстæйы æфсæддон тыхтæ æрбынат кæной.
«Иумæйаг арæны демаркацийы агъоммæ æмæ фæстæдæр демаркацийы размæ, фарсытæ æххæст кæндзысты кæрæдзийæн бадзырдгонд æдасдзинады мадзæлттæ æмæ æууæнкдзинады амад мадзæлттæ, уый нымæцы æфсæддон сферæйы дæр, цæмæй ифтонг уа æдасдзинад æмæ стабилондзинад арæнгæрон зонæты», -ис фыст тексты.
Уымæй уæлдай ма, фарсытæ дзырд дæттынц, зæгъгæ, «фарсытæ тæрхон кæнынц æмæ тох кæнынц æнæбыхсындзинад, расæйой æнæуынондзинад æмæ дискриминаци, сепаратизм, тыхмийы экстремизм æмæ терроризм сæ алы хуызы дæр, алкæцы дæр йæ юрисдикцийы».
Фæрстæ ма хæс исынц «æбæрæгæй сæфт адæймæгты æмæ тыхæй фесæфыны фарстатæ æрбæстон кæнын, уыцы нымæцы ахæм адæймæгты тыххæй æппæт информацийы ивды фæрцы, комкоммæ кæнæ, куы бахъæуа, уæд æмбæлон æхсæнадæмон организацитимæ æмгуыстады фæрцы».
Тексты ма фыст ис, зæгъгæ, «фарсытæн сæ бон у бадзырдтæ саразын иумæйаг интересты алыгъуызон фадгуыты, уыцы нымæцы экономикон, транзитон-транспортон, экологион, гуманитарон æмæ культурон сферæты æмгуыстады фæдыл».
Уыцы иу расидæны Сомихыстон æмæ Азербайджан ныфс дæттынц, цæмæй сифтонг кæндзысты ацы бадзырды æххæст реализаци æмæ сырæздзысты дывæрсыг къамис ацы процессмæ цæстдардæн.
Уымæй уæлдай ма, фарсытæ дзырд дæттынц, зæгъгæ, «ацы бадзырд нæ арæн кæндзæн фарсыты бартæ æмæ хæстæ, кæцытæ æвзæрынц æхсæнадæмон барад æмæ бадзырдтæй, кæцытæ алы фарс дæр сарæзта Иугонд Нациты Организацийы æндæр уæнг бæстæтимæ».
Уымæй уæлдай ма, «Фæрстæ хъуамæ æххæст кæной, цæмæй сæ æмæ æртыккаг фарсы æхсæн уæвæг æхсæнадæмон бадзырдтæ ма хъыгдарой сæ хæстæ æххæст кæнын ацы Бадзырдмæ гæсгæ».
«Фæрстæ сæ дыууæфарсон ахастыты æххæст кæнынц æхсæнадæмон барады нормæтæ æмæ ацы Бадзырд. Иу Фарсæн дæр нæй бар йæ националон закъондæттынады уагæвæрдтæй спайда кæна ацы Бадзырды æнæфæцудгæдзинады æфсонæн. ацы Бадзырды йæ тыхы бацæуыны онг», – дзырдæуы тексты.
Ацы Бадзырды йæ тыхы бацæуыны фæстæ иу мæйы æмгъуыдмæ Фæрстæ хъуамæ æрæмбырд кæной цыфæнды æхсæнпаддзахадон домæнтæ, хъастытæ, аппеляцитæ, быцæутæ, кæцытæ æрбахастой цыфæнды барадон форумы æмæ хауынц ацы Бадзырдыл къухтæ æрфыссыны размæ цы фарстатæ уыд, уыдонмæ.
«Ацы Бадзырды тыхы бацæуыны фæстæ иу мæйы æмгъуыдмæ Фæрстæ хъуамæ æрцахсой, скусын кæной кæнæ æндæр хуызы æрбæстон кæной алы æмæ æппæт æхсæнпаддзахадон домæнтæ, хъастытæ, аппеляцитæ, процесстæ æмæ быцæутæ, кæцытæ æрцыдысты æрбавдыст цыфæнды барадон форумы ацы Бадзырды фæдыл ахæм домæнтæ, хъастытæ, хъаст кæнæ процесстæ, кæцытæ æртыккаг фарс æрбавдыста иннæ Фарсы ныхмæ, Фæрсты æхсæн ацы Бадзырдыл къухтæ æрфыссыны размæ цы хъуыддæгтæ уыд, уыдоны фæдыл. Фæрстæ ницы хуызы хъуамæ райдайой, разæнгард кæной кæнæ архайой кæрæдзийы ныхмæ знаггадгæнæг архайдтыты дипломатон, информацион кæнæ æндæр сферæты, кæцытæ сты ныхмæвæрд ацы Бадзырдæн æмæ уый тыххæй уадздзысты регулярон консультацитæ», – дзырдæуы тексты.
Декларацийы ис фыст, цæмæй ацы Бадзырд йæ тыхы бацæудзæн уыцы бонæй, кæд æмæ Фæрстæ ивдзысты хъусынгæнинæгтæ къухфыст бæстæты националон закъондæттынадæй нысангонд мидæггагон процедурæты фæуды тыххæй.