Азербайджайнаг газы Европæмæ бадæттынæн Германи 1,2 миллиард Евро рауæлдай кæндзæн
Азербайджайнаг газы Европæмæ бадæттынæн Германи 1,2 миллиард Евро рауæлдай кæндзæн. Уый фæдыл агентад dpa хъусын кæны.
«Газы ифтонгад нысаниуæгджын хайбавæрд хъуамæ сæххæст кæна Европæйы æмæ Германийы ифтонгад» – банысангонд у Германийы финансты министры минæвары фыстæджы.
Deutsche welle æрымысыд, цæмæй немыцаг энергетикон концерн E.on азербайджайнаг газы æрылхæдыл бадзырдтæ Азербайджанимæ нырма ноджы 2013 азы рафыста къух. Документ æрдзон газы ифтонгад ( афæдзы мидæг 1.45 миллиард кубометр) 2020 азæй 2044 азы банымадæй дары йæ хъуыдыйы.
Евроцæдисы базарыл газ Каспийы денджызы Шах-Денризы нгуырæнуатæй цæудзæн. Уый тыххæй Азербайджаны æмæ Гуырдзыстоны хуссаркавказаг хæтæлвæды ауæрæх кæныны куыстытæ æрцыдысты уагъд; Турчы трансанатолиаг хæтæлвæд; Грецийы, Албанийы æмæ Италийы та трансадриатикон хæтæлвæд аразынц.