Азербайджайнаг арæнхъахъхъæнджыты  пресс-центры  хъусинаг Гуырдзыстоны арæны цур сырæзт инциденты фæдыл
Азербайджайнаг арæнхъахъхъæнджыты пресс-центры хъусинаг Гуырдзыстоны арæны цур сырæзт инциденты фæдыл

Азербайджаны  паддзахадон  арæны департаменты  пресс-центр   Гуырдзыстоны арæны цур  сырæзт инциденты  фæдыл  хъусын кæны.

Уагдоны  хъусинагæй,  зæгъгæ фийауы фæфиппайдтой   Азербайджаны территоримæ  æд  фысвос  Азербайджаны территоримæ  ахызты  рæстæджы.

«Фысвосы  территорийæ  раскъæрын куы  архайдтой  уæд  фийауы   10-ы онг   куыдз  арæнхъахъхъæнджытæм фæлæбурдтой.  Арæнхъахъхъæнджытæ  нырма  уæлдæфы  æхсын райдыдтой фæлæ  уый  æнæфæстиуæг кæй  разынд, уæд куийтыфехстой.  Уый фæстæ  арæнхъахъхъæнджытæ  фийауы ауыдтой  йæ  куийтимæ иумæ  хаудæй.  Уый  йæ  сæры  цæф  фæцис.  Фийауы  уайтагъд  фæхæццæ  кодтой  æввахс  медицинон   уагдонмæ  æмæ ацы рæстæгмæ   йæ  уавæр  æвæрццаг у.   Фæбæрæг ис  афтæдæр чи у уый.   Фийау  у  Гуырдзыстоны æмбæстаг  Сагареджойы  районы   Ламбалойы  хъæуы  цæрæг, 1993  азы гуырд   Рамин Баширов»,-  хъусын кæнынц  уагдоны.

Афтæдæр сæ  хъусинагмæ гæсгæ,   паддзахадон   арæны  департаменты  хистæр  лейтенант  Асгар  Халилов бынатмæ ныццыд æмæ  фембæлд  гуырдзиаг арæнхъахъъхæнджытимæ.

Факты фæд æвзарынц, Азербайджаны Республикæйы  паддзахадон  арæны æмæ æфсæддон прокуратурæ.