Азартон хъæзтыты ныхмæ, хицауады администрацийы цур протестон акци ацыд
Хицауады администрцацуийы бæстыхайы цур ацыд азартон хъæзтыты ныхмæ протестон акци номхуындæй «Зæгъ Нæй азартон хъазтыл, #Сандрикъы тыххæй».
Акцийы организатортæ сты Фыццаг Каналы кусæг кæцы оператор æрбамардис Сндро Берадзе, уый бинонты уæнгтæ æмæ хæлæрттæ.
Акцийы хайадисджытæ куыд хъусын кодтой афтæмæй, сæ сæйраг æркуырд у, уагæвæрд æрцæуæд регуляцитæ азартон хъæзтыты ныхмæ.
«Ам æрымбырд стæм Сандрикайы бинонтæ æмæ хæлæрттæ, цæмæй дзы ноджы иу хатт æркурæм хицауадæй, сараза арахайадон къахдзæфтæ. Дунейы æнæнизхъахъъхæды организаци лудомани банымадта низыл. Мах дæр фæнды цææмй нæхимæ бантысæд адæймæгтæн схос кæнын æмæ сæ иу мауал асхойæм нæхицæй, фæлæ сын баххуыс кæнæм ацы низæй фервæзын. Æппын ниц регуляци ис, элементаронæй æхсæнадон транспортыл æвдыст у æндæр æмæ æндæр азартон хъæзтыты рекламатæ. Æнæмæнгхъæугæ у регуляцитæ æрбайсын, цæмæй фæсивæд ма бабын уа, æндæртæ дæр ма марой сæхи æмæ растдæр уый тыххæй æрымбырд стæм ам, цæмæй хицауадæй æххуыс ракурæм, æмæ æрбайсæт регуляцитæ» – райхъусын кодта Сандро Берадзейы æфсымæр Гиорги Берадзе.



