Автотранспортон фæрæзтæ, кæцыты цæлхыты æддаг цъар, 10 азæй заронддæр сты, техасгæрст нæ ацæудзысты
Автотранспортон фæрæзтæ, кæцыйæн йæ цæлхыты æддаг цъар 10 азæй фылдæр рæстæгон у, техасгæрст нæ ацæудзæн.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады, сурзæххон транспорты куысты хистæр Шалва Уриадмхъопели фехъусын кодта.
«Фыццаг апрелæй, арæнæвæрдтæ ахæлиу уыдзысты цæлхыты æддаг цъармæ гæсгæ. Пакрискæтæн ис эксплуатацийы сæхи æмгъуыдтæ, уымæ æмбæлгæйæ дæр, автотранспортон фæрæзы пакрискæтæ , 10 аздзыд ма хъуамæ уой. 10 азæй фылдæр рæстæг размæ уагъд пакрискæтæ афтæдæр нымад цæудзысты нæбæззоныл æмæ хæдтулгæтæ, кæцыты цæлхыты æддаг цъар æмгъуыдигъуыд сты, инспектирдзинад нæ ацæудзысты»,- банысан кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы Шалва Уриадмхъопели.