Автомобилы скъæрыны бардæттæг документы райсты практикон фæлтæрæн горæты уавæрты августы сырæздзæн
Автомобилы скъæрыны бардæттæг документы райсты практикон фæлтæрæн горæты уавæрты августы сырæздзæн

Автомобилы скъæрыны бардæттæг документы райсты практикон фæлтæрæн горæты уавæрты августы сырæздзæн.

Тбилисы атмосферон уæлдæфы  счъиззийы  сæйраг аххос, автотранспортон  фæрæзты  фæздæг у, – уый фæдыл  дзырдæуы   парламенты  æрдзы  хъахъъхæды  æмæ æрдзон ресурсты  комитеты   æрцæттæгонд  хыгъдлæвæрды,  кæцы сæйраг сахары  атмосферон уæлдæфы  счъиззийы  сæйраг ратæдзæнтæм æххæссы.

Документы мидæг дзырдæуы,  паддзахадон аудиты  куысты хыгъдлæвæрды тыххæй,  кæцыйы мидæг  фыст ис, цæимæй  зæгъгæ атмосферон   счъиззийы  дыууæ сæйраг  гуырæн ис: стационарон   ратæдзæнтæй  – кондад  æмæ арæзтадон объекттæй  знаггадгæнæг  буарадты эмиси æмæ  змæлгæ   гуырæнтæй  сæвзæргæ –  уæлдæфы счъиззи  автотранспортæй рацæуæг знаггадгæнæг  буарадтæй.

«Сæрмагодæй  банысан кæнинаг  у дыккаг гуырæн  уымæн æмæ:  автомобилæй  рацæуæг знаггадгæнæг буарадтæ,  æппæтон   счъиззийы  71  процент у æмæ ацы рæстæджы,  бæстæйы   уæвæг  автотранспортон  фæрæзты  37 процент,  æмбырд сты  Тбилисы.  Сæйраг сахары,  куыд транзитæй  змæлæг, афтæ  иудадзыгæй  уæвæг автотранспортон фæрæзты  нымæц бирæ  уæлдай  у,  уымæн æмæ бæстæйы  цæрджыты фылдæр хай, Тбилисы  кусынц  æмæ фылдæр,   автомобилы эксплуатацимæ у  баст.  Аудиты хатдзæджы хъусдард  растдæр сæйраг сахары  автотранспортон  фæрæзтæ цы фæздæг  уадзынц  уымæй сæвзæргæ  уæлдæфы счъиззийы æрдæм  здахы.