Автомобильты  хицæуттæ  хæсджын бауыдзысты,  сæ  авто-транспортон фæрæзтыл сæрмагонд  æмбæстагон  бæрн  фæдзæхсын
Автомобильты хицæуттæ хæсджын бауыдзысты, сæ авто-транспортон фæрæзтыл сæрмагонд æмбæстагон бæрн фæдзæхсын

Тбилисы  регистрацигонд  автомобильты хицæуттæ  хæсджын бауыдзысты,  сæ  авто-транспортон фæрæзты    фæдзæхсын.

Бараст  бацæудзæн  æмбæлон закъонмæ,    кæцыйы инцркæнын  плангонд  у  бюройы  абоны рабадтыл .

Барастытæм гæсгæ, æмбæстагон бæрны фæдзæхсыны фæстиуæгæн, фæдзæхстгæнæгф арс  йæхимæ исы  бæрн  бафида  материалон кæнæ та  царынæн тæссаг, æнæниздзинад æмæ мулкъæн æрхæссгæ  зианы тыххæй,  кæцы æнæмæнгхъæугæ  уыдзæн  авто-транспортон фæрæзы  хицау кæнæ тæрæгæн.

Инициативæмæ гæсгæ,  фæдзæхсыны  бæгъдуан  нæ  хæлиу кæндзæн   Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты  сæрмагонд  автомобильтыл, афтæдæр  уыцы  оргаæнты автомобильтыл, кæцытæй  пайда  кæнынц  æфсæддон нысæнттæн(  атобустæй,  рог автомоблитæй æмæ æндæр  хæдзарадон нысаниуæгы  тхникæйæ  уæлдай).

Закъонопроекты  5-æм статийæ бæрæг у  афæдзон  фæдзæхсыны  минималон  æмæ максималон  аргъ  авто-транспортон  фæрæзты  категоритæм гæсгæ.

Сæрмагондæй  та:

А) Мотоциклæн, кæцыйы змæлынгæнæгы  гуырахст  50 см3-йæ  фылдæр у –  75.00 – 110.00 лари;

Æ)  Рог  автомобилæн, кæцыйы  ,барлæвæрд  максималон уæз  3 500 кг, æрмæст  бадæн бынæтты нымæц  8-æй  фылдæр у – 100.00 – 150.00  лари;

Б) Автобусæн, кæцыйы  бадæн  бынæтты  нымц  8-æй  фылдæр  у – 160.00 – 240.00  лари;

В) Уæзласæн  автомобилæн, кæцыйы  барлæвæрд  максималон массæ  3 500кг-йæ  фылдæр  у – 210.00-310.00 лари;

Г) Бæтгæ  гуыффæйæн -50.00-75.00   лари;

Гъ) ХЪæууон-хæдзарадон   автомобильтæн, специализиргонд хæдтулгæ   машинæйæн –  60.00-90.00  лари .

Фæдзæхсæн  премиты  бахыгъды рæстæджы, нымадмæ  ист æрцыд  дунейон банкъы  экспертты, сæ нымæцы  актуарты  бахыгъдгонд æмæ  æнхъард  бæрæггæнæнтæ  рог автомобильтыл  Гуырдзыстоны уæвæг статистикæ зæрдыл даргæйæ.