Автомобилон транспорты сферæйы Гуырдзыстон-Китайы фыццаг дыууæфарсон комиссийы рабадт ацыд
Китайы Адæмон Республикæйы горæт Пекины æхсæнадæмон автомобилон транспорты сферæйы Гуырдзыстон-Китайы фыццаг æмхæццæ комиссийы рабадт ацыд. Информаци хъусын кæны сурзæххон транспорты агентад.
Афтæма сæ хъусинагæй, зæгъгæ Гуырдзысоны æрдгæй рабадтæн къухдариуæг кодта Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады паддзахадон барады юридикон уæнг сурзæххон транспорты агентады директор Леван Гамхърелидзе, æрмæст Китайы æрдгæй – Китайы Адæмон Респуьбликæйы транспорты министрады, транспорты сервисы департаменты директоры хæдивæг Ванг Хью Чун.
«Фембæлдыл Китайы транспорты инновациты глобалон иртасаг центры æмæ автомобилон транспорты ассоциациты къухдариуæггæнджытæ уыдысты. Фембæлдыл æркастысты Гуырдзыстоны æмæ Китайы Адæмон Республикæйы æхсæн автомобилон дыууæрдæм змæлды сферæйы транспортон-логистикон, уый нымæцы уæзты ласыны секторы райрæзты, бæстæйы транзитон потенциалы æмæ инфраструктурон фадæтты æрдгæй уæвæг æмгуыстады фарстатæ.
Бадзырдты фæстиуæгæн, фарсытæ афтæдæр æрдзырдтой æхсæнадæмон автомобилон уæзты ласыны квотæ райрæзын кæныныл, кæцы Гуырыстоны регистрацигонд транспортертæн Китайы Адæмон Республикæйы æрдæм транспортон операциты хуыздæр сплан кæныны æмæ сыххæсы фадат ратдзæн. Комиссийы рабадтыл ныхас уыд дыууæ бæстæйы æхсæн æхсæнадæмон автомобилон уæзты ласынимæ баст æндæр нысаниуæнджын фарстатыл, сæ нымæцы фæбæрæг ис уæвæг расидтытæ æмæ бадзырды бындурыл сбæрæг ис æххæстбарджын уæнгты сыххæсткæнинаг мадзæлттæ.
Фембæлдыл фарсытæ афтæдæр æркастысты логистикон центрты саразыны фадæттæ æмæ ацы нысанæн дарддæр æмгуыстадмæ цæттæдзинад равдыстой. Комиссийы рабадтыл бахахх ис бæстæты æхсæн æмгуыстады нысаниуæг, куыд автомобилон транспорты æндæр æмæ æндæр сферæйы фæлтæрддзинад фæхай кæныны æрдгæй, афтæ транзитон дыууæрдæм змæлды æрдгæй», – банысангонд у сурзæххон транспорты агентады информацийы.