Автомобилæй сывæллоны транспортацийыл регуляцитæ фæкарздæр уыдзысты
«Фæндагон змæлды фæдыл» закъоны бакуыст ивдтыты иницирдзинад парламенты 14 октябры бюройы рабадтыл æрцæудзæн.
Ивдтытæм гæсгæйæ, 13 азы онги кары æмæ 135 сантиметры онг асы сывæллоны рог автомобилы фæстийæ бадгæ бынатыл, ласыны рæстæджы, хъуамæ спайда кæной специалон сабион бандонæй кæнæ та фикрсиргæнæг мигæнæнæнæй, кæцы æмбæлон у сывæллоны асимæ æмæ уæзимæ.
Ивдтытæ нæ бандавдзысты æхсæнадон транспортмæ, афтæдæр уыцы транспортон фæрæзтæм, кæцытыл завод, бæрæг конструкцийы нымад нæу специалон сабион бандон, кæнæ та фиксиргæнæг гарзæг.