Австрийы Канцлер – алы кандидат бæстæйæн  æмхуызон аууæлттæ хъуамæ  уа, ма хъуамæ уа  цыбыргонд  фæндæгтæ, ноджы иу хатт  хахх кæнын  Австрийы  цæттæдзинад, Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ слæудзыстæм
Австрийы Канцлер – алы кандидат бæстæйæн æмхуызон аууæлттæ хъуамæ уа, ма хъуамæ уа цыбыргонд фæндæгтæ, ноджы иу хатт хахх кæнын Австрийы цæттæдзинад, Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ слæудзыстæм

Австрийы  Федералон Канцлер  Карл Нехамеры фидиуæнæй,   Автсри  йæ фарсдары   Гуырдзыстонæн  евроинтеграцийы фæндагыл.

Карл Нехамер  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ   иумæйаг  брифингыл   куыд райхъусын кодта афтæмæй,  Ираклий Гъарибашвилийæн  банхъарыд  фарсхæцын  алы хъæугæ  æрдæмадæй.

«Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæйы тыххæй куы зæгъæм, кæцыйыл  цытджын  премьер-министр сцырын кодта хъусдард, ацы æрдæмад  уæлдай дæр   абон,  тынг   нысаниуæгджын у, уымæн æмæ  дзырдæуы  æнæрмæст геостратегион   нысаниуæгыл, фæлæ ма  уый нымæцы, экномикон нысаниуæгыл дæр. Пресс-конференцийы онг нын абон уыдис фадат, фæныхас кодтаиккам  ацы  темæйыл.  Бирæ фæныхас кодтам  цæй  саразын  æнæмæнгхъæугæ  у ацы æрдæм æнтыстмæ баххæссынæн.

Премьер-министр фæныхас кодта,  цы  арызт уыд, цæмæй  сыххæст уыдаит  Еврокомиссийы лæвæрд рекомендацитæ.  Махæн бæрæг у, цæмæй уый саразын кæддæриддæр  уый саразын нцон нæу, фæлæ  æцæгæй  ацы æрдæм цæуын  дзæбæх у.  Алы ацы  тыхархайд уый аргъ у.  Æцæгдæр  хъæуы  тыхархайд  стынг кæнын, фылдæр инвестицитæ нывæрын  ацы æрдæм, ацы ныхæсты  комкоммæ  мидисæй, уымæн æмæ ацы процесс, уый нымæцы, æрхæсдзæн  тынг  бирæ ивддзинад йæхæдæг мидполитикон   цæстæнгасæй,  уый нымæцы  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн дæр, политиконæй та –  уыцы адæймæгтæн, кæцытыл   политикон   бæрн  æвæрд цæуы.

Уый кæддæриддæр стыр  быццæусидт у.  Цытджын премьер-министрæн банхъарыдтæн  не рдгæй   фарсхæцын  алы  æрдæмадæй, цы æрдæмадтæ дæр уыдзæн иууылдæр.  Иурæстæгонæй, ацы бæрæг кæны, цæмæй  алы  кандидат  бæстæйæн  æмхуызон   домæнтæ хъуамæ уа, ма хъуамæ  уа  цыбыргонд фæндæгтæ ацы нысанмæ баххæссынæн.  Фæстаг  периоды  дæргъы  æцæгдæр  уыдис  ацы  темæйыл   тынг активон дискуси Евроцæдисы фæлгæтты.  Кæд ацы æртæ бæстæйы  цауы  уыдис  æнтыстытæ, Австрийы  фарсхæцыны кой куы кæнæм, уæд ацы  цауы дæр ноджы  иу  хатт хахх кæнын Австрийы цæттæдзинад, ома мах  уын уæ фарсмæ  лæудзыстæм.  Мах уыдыстæм ахæм уавæры æмæ  зонæм, цы саразын хъæуы  ацы æрдæм» –  райхъусын кодта Карл Нехамер.