Австрийы йæ цардæй ахицæн ис Гуырдзыстоны минæвар Константине Залдастанишвили
Австрийы йæ цардæй ахицæн ис Гуырдзыстоны минæвар Константине Залдастанишвили – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддгты министр Михеил Джанелидзе фыссы «Фейсбукы» фарсыл æмæ фæмардуæвæг минæвары бинонтæн тæфæрфæс кæны.
«Стыр адæймаг, дипломат, профессионал æмæ гуырдзиаг паддзахадон архайæг, зынаргъ Константине Залдастанишвили йæ цардæй ахицæн ис. Нæ дипломатий тынг фæцух уыдзæн уымæй, фæлæ уый цы фæстиуджытæм баххæссыд, уыдон ноджы стыр рæстæджы дæргъы уыдзысты нæ бæстæйы фидардзинады гарантийæ. Тæфæрфæс кæнын йæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн» – фыссы Михеил Джанелидзе.